16 мая 2014, 11:07
Абон уыд Цæгат Ирыстоны Хицауады радон æмбырд. Министртæ æркастысты 9 фарстамæ
Финансты министрад нысангонд æрцыд финанстæм цæстдарды барадон оргæныл. Ведомствойæн ма бабар кодтой 1-æм июльмæ кредитон ресурстæ самал кæнын 600 милуан сомы бæрц,
Финансты министрад нысангонд æрцыд финанстæм цæстдарды барадон оргæныл. Ведомствойæн ма бабар кодтой 1-æм июльмæ кредитон ресурстæ самал кæнын 600 милуан сомы бæрц, цæмæй республикон бюджеты дефициты кæцыдæр хай æхгæд æрцæуа, уый тыххæй. Министрады архайдмæ ма хаст æрцыд ноджыдæр иу ногдзинад – финансты министры хæдивæгæй фидаргонд æрцыд Наниты Руслан. Хицауады сæрдар Такъоты Сергей загъта, Мæздæджы районы цæрджытæм фæкæсын кæй хъæуы. Ныридæгæн сын арвыстой авг, æмæ ма сын хъæуы радтын шифер.
темæмæ гæсгæ




