Уæ зæрдыл уын æй лæууын кæнæм, Бесик фæмард 27 аздзыдæй. Фæндаггон фыдбылыз æрцыд 29-æм декабры Армавиры бынмæ федералон трассæйыл.
Йæ ном æрхъуыды кæнынмæ Намысы Аллейæмæ æрбацыдысты йæ хæстæджытæ, `мбæлттæ, спортсментæ. Сæвæрдтой дидинджытæ зындгонд богалы ингæныл. Къудухты Бесикæн стыр æнтыстдзинæдтæ бантыст уæгъдибар хъæбысхæсты. У дыууæ олимпиадæйы призер, дунейы цыппар хатты чемпион. Къудухты Бесик фæмард 27 аздзыдæй. Фæндаггон фыдбылыз æрцыд 29-æм декабры Армавиры бынмæ федералон трассæйыл.
Къудухты Тинæ: «Тынг зын у. Бесик уыдис Къудухтæн ахсджиаг хъæбул. Мыггаг дзы йæ сæр бæрзæндты хаста, æмæ ма иннæ мыггæгтæ дæр. Хорз сывæллон уыдис».
Баскаты Уырызмæг, журналист: «Бесикы хуызæн æрыгон, æрттивгæ стъалытæ афтæ æвиппайды куы ахуыссынц, уæд уый вæййы канд спортæн нæ, фæлæ царды, адæмæн, стыр зиан. Бæргæ, Хуыцау нæ ахæм зиантæй куы хъахъхъæнид, Фæлæ æрцыдис. Бесикы нал фендзыстæм, уыцы цырд æвнæлд гауызыл, уый абон дæр нæма уырны адæймаджы».




