филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:12 понедельник, 11 ноября 2024
01 июля 2019, 12:52
Абонæй фæстæмæ та ногæй фæбæрзонддæр сты цæрæнуæтты-коммуналон лæггæдты фиддонтæ

Цæгат Ирыстоны, рæстæмбис нымадмæ гæсгæ, у 3, 3 %

Абонæй фæстæмæ та ногæй фæбæрзонддæр сты цæрæнуæтты-коммуналон лæггæдты фиддонтæ. Электрон тыхы аргъ фæстаг хатт фæбæрзонддæр кодтой афæдзы мбисы размæ. 1-æм январæй æнæхъæн бæстæйы дæр æргътæ фæбæрзонддæр кодтой 1, 7%. Ацы хатт Уæрæсейы хицауады уынаффæмæ гæсгæ алы регионы дæр алыхуызон схызтысты. Цæгат Ирыстоны, рæстæмбис нымадмæ гæсгæ, у 3, 3 %. Афтæ горæты цæрджытæ электрон тыхæй фиддзысты 4 сомы æмæ 6 капеччы, уый у 4 капеччы фылдæр. Æрдзон газы ног аргъ та фæзынаргъдæр 8 капеччы, æмæ ныр у 5 сомы æмæ 99 капеччы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania