филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:34 суббота, 28 сентября 2024
25 января 2022, 12:41
Абонæй фæстæмæ Цæгат Ирыстоны астæуккаг сæрмагонд ахуыргæнæндæттæ рахызтысты дистанцион ахуырадмæ

Ахæм уынаффæ рахастой республикæйы аппаратон æмбырды

Абонæй фæстæмæ Цæгат Ирыстоны астæуккаг сæрмагонд ахуыргæнæндæттæ рахызтысты дистанцион ахуырадмæ. Ахæм уынаффæ рахастой республикæйы аппаратон æмбырды. Дардмæ ахуырады хуызмæ рахизын бацамыдтой уæлдæр ахуыргæнæндæттæн дæр. Уæлæмхасæн ахуырады организацитæн æмæ спортивон скъолатæн та рахастой уынаффæ сæ куыст бауыромыны тыххæй. Фæлхасадмæ цæстдарды республикон управленийы разамонæг Тыбылты Алан куыд фехъусын кодта, афтæмæй коронавирусæй рынчынты нымæц Цæгат Ирыстоны сырæзт 17% фылдæры онг. Ныртæккæ фылдæр парахат кæны штамм Омикрон. Фылдæр рынчын кæнын райдыдтой сывæллæттæ. Фæстаг къуыримæ се хсæн рынчынты нымæц фæфылдæр 3 хатты æмæ рдæг. Сергей Меняйло бабар кодта скъолаты скæнын рады кълæстæ. Уырдæм ныййарджыты бон уыдзæн сæ сывæллæтты кæнын, куы бахъæуа, уæд. Уыимæ уал рæвдауæндæттæ кусынц. Се ппæтæн дæр бабар кодтой æдасдзинады мадзæлттæ фæкарздæр кæнын. Ома буары тæвд барын, дезинфекци кæнын, уæлдæф сыгъдæг кæнын æмæ антисептиктæ дарын. Æмбырды ма ныхас цыд Хъæды хæдзарады техникум Æрыдоны аграрон-технологон коллуджы хыгъдæй рахæссын. Хъуамæ йæхæдæг суа хицæн юридикон организаци.

Аппаратон æмбырды ма æрныхас кодтой физкультурон-дзæбæхгæнæн комплексты модернизацийыл. Физкультурæ æмæ спорты министр Кочиты Сослан радзырдта, сæ ведомствойы кæй бацæттæ кодтой техникон хæслæвæрдтæ проекттæ аразынæн. Фæлæ уал æй бындурон арæзтады управлени нæ райста. Республикæйы Сæргълæууæг бабар кодта уыцы куыст фæтагъддæр кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania