Федералон программæмæ гæсгæ нæ республикæйы арæзт æрцыд сæрмагонд центр. Ардæм афæдзмæ æрбацæуы 2 мин адæймагæй фылдæр.
Лана Карлова йæ царды фæтк аивыны фæнд скодта афæдзы æрдæджы размæ. Йæ дæсныйадмæ гæсгæ у психолог, фæлæ цалдæр азы куыст ссарын йæ бон нæ уыди. Куыстдæттыны центры слæууыди хыгъды, æмæ йын уым баунаффæ кодтой йæхи æндæр дæсныйады бафæлварын. Чызгæн уыцы фæндон йæ зæрдæмæ тынг фæцыди.
Лана Карлова: «Æрбацыдтæн, мæхи хыгъдмæ бахастой, æмæ мæ ныффыстой цалдæр курсмæ – шофыры, администраторы, косметологы æмæ интерьеры дизайнеры. Фæндыди мæ исты ногдзинад базонын, цы дæсныйæдтыл дзы ахуыр кæнынц, уыдон мæ зæрдæмæ нæ фæцыдысты. Мæ зæрдæмæ дзы хæстæг у æрмæстдæр дизайнер, æмæ йæ равзæрстон».
Цæгат Ирыстоны ног дæсныйæдтæ дæттыны федералон программæ æххæст кæнынц цалдæр азы. Куыст ссарын йæ бон кæмæн нæу, ахæм адæймагæн дзы фадат дæттынц лæвар курсытæ ацæуынæн.
Таутиаты Олеся, куыстдæттыны центры специалист: «Уый тыххæй йæ хъæуы документтæ – паспорт, фæфæллойы чиныг, уымæ гæсгæ йæ мах уынæм, æгуыст кæй у, уый. Уымæй уæлдай дзы хъæуы диплом кæнæ аттестат дæр. Документы номхыгъд нæм ис, адæм сæ æрæмбырд кæнынц, мах сæ сæвæрæм хыгъды, нæ бон сын куыст ссарын куы нæ вæййы, уæд сын скæнæм æндæр дæсныйад райсыны курсытæ. Адæймагæн йæ бон у йæхицæн равзырын, цавæр дæсныйадæй хъæуы, уый».
Цы дæсныйæдтæ дзы дæттынц, уыдон сты фæндзайæ фылдæр. Номхыгъд æппыныдзух кæны ивгæ, фæллойы базарады ивддзинæдтæм гæсгæ.
Æрвылаз ног дæсныйады курсыты фæахыр кæны дыууæ мин адæймагæй фылдæр. Фылдæр сæ фæфæнды хуымæтæг дæсныйæдтæ райсын, уымæн æмæ дзы куыст кæдфæндыдæр ссардзынæ. Зæгъæм, æндадзджытæ. Ацы дæсныйадыл хæст адæймаг æгуыст нæ уыдзæн, стæй йын фидгæ дæр гыццыл нæ кæнынц.
Æгуыст адæмы æндæр дæсныйæдтыл кæм ахуыр кæнынц, уыцы ахуыргæнæндæттæ иууылдæр ифтонггонд сты хъæугæ ахуырадон æрмæгæй. Студенттæн ис теоретикон æмæ практикон ахуыртæн кълæстæ. Ахуыр сæ кæнынц практикон æгъдауæй, уымæ гæсгæ зонындзинæдтæ райсынц тагъддæр æмæ фылдæр.
Адон та сты фидæны фæндагамонджытæ. Практикон ахуыртæ сæм вæййы Дзæуджыхъæу – Мæскуыйы поезды вагоны. Курсытæ каст куы фæой, уæд студенттæн сæ бон уыдзæн Уæрæсейы æфсæн вагзалты кæм фæндыдæр кусын. Ныртæккæ ацы дæсныйад у тынг ахадгæ.
Дæсныйæдтæ дæттыны системæмæ алы аз дæр хæссынц ивддзинæдтæ. Зæгъæм æрæджыйæ фæстæмæ сæ бон ам ахуыртæ ацæуын у пенсиисджытæн дæр.
Касаты Наирæ




