филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:15 вторник, 16 декабря 2025
07 февраля 2013, 17:12
Адæмæн социалон лæггæдты куыст фæхуыздæр кæныныл абон ныхас цыд Цæгат Кавказы федералон зылды фæллойы æмæ социалон рæзты кусæг æмбырды

Арæзт уыд Дзæуджыхъæуы, амыдта йæ демографион политикæйы æмæ цæрджыты социалон хъахъхъæнынады департаменты директор Ольга Самарина.

Адæмæн социалон лæггæдты куыст фæхуыздæр кæныныл абон ныхас цыд Цæгат Кавказы федералон зылды фæллойы æмæ социалон рæзты кусæг æмбырды.

Арæзт уыд Дзæуджыхъæуы, амыдта йæ демографион политикæйы æмæ цæрджыты социалон хъахъхъæнынады департаменты директор Ольга Самарина. Уый регионалон министртæн бафæдзæхста 2018-æм азмæ саразын бæлвырд куысты фæтк. Æмæ къабазы кусджыты мызд фæфылдæр кæныныл бацархайын. Цæгат Ирыстоны ныртæккæ у 7 мин 400 сомы. Октябрьмæ сæ мыздыл хъуамæ бафта 35-40% æмæ афтæмæй суыдзæн, регионы цы мызд исынц, уый æмбис.

Ольга Самаринæ ма бабар кодта, цæмæй æргом æздæхт æрцæуа социалон кусæнуæтты сыгъдæгдзинадмæ. Стæй, цæрджытæ цас разы сты сæ лæггæдтæй, уый сбæрæг кæнын.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania