Æмбырды ма æрныхас кодтой Уф-йы президент майы цы указтæ бафыста, уыдон республикæйы куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл. Ацы æмбырды бæстон æркастысты 3 фарстамæ: адæмæн
Фембæлды рæстæг активисттæ ныхас кодтой ахуырады кусджыты мыздыл. Куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй официалон æгъдауæй цы рæстæмбис мызды бæрц фехъусын кæнынц, уый раст нæу. Уымæ гæсгæ бахастой фæндон – цæмæй бæлвырд бæрæг кæной, кусгæ чи кæны, уыдонæй чи цас мызд исы, уый, æмæ сæ дих кæной сæ мыздмæ гæсгæ.
Ацы фæндон бахæсдзысты декабры «Адæмон фронт» -æн цы Æппæтуæрæсеон форум уыдзæн, уырдæм. «Уæрæсейы адæмон фронт»-ы регионалон змæлды æмсæрдар Александр Купцов куыд зæгъта, афтæмæй сын сæрмагондæй ацы фарстатæм цæст дарын бабар кодтой штабы æмбырды. Уымæн æмæ фыццаджыдæр хъуыддæгтæ къуылымпы кæнынц регионты.
