филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:18 понедельник, 20 мая 2024
28 апреля 2014, 11:04
«Адæмон фронт»-ы фыццаг уæрæхгонд æмбырды ныхас цыд ахсджиаг фарстатыл

Паддзахадон иумæйаг фæлварæнтæ дæттыны, скъолаты хæрæндæтты ифтонгдзинад, ахуыргæнджыты æрвылбоны фарстатæ, директорты зонындзинæдтæ фылдæр кæныны фадæттæ.

Паддзахадон иумæйаг фæлварæнтæ дæттыны, скъолаты хæрæндæтты ифтонгдзинад, ахуыргæнджыты æрвылбоны фарстатæ, директорты зонындзинæдтæ фылдæр кæныны фадæттæ. Уыдонимæ ма зымæгон рæстæджы ахадындзинадыл дæр ныхас цыд Уæрæсейаг «Адæмон фронт»-ы фыццаг уæрæхгонд æмбырды. Архайдтой дзы республикæйы ахуырады æмæ наукæйы министр Огъуаты Алан, Дзæуджыхъæуы ахуырады управленийы, профцæдисты цæдисы, дины æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ. Æмбырды Огъуаты Алан радзырдта скъолаты ахадындзинад фæхъомысджындæр кæныныл цы куыст цæуы, уый тыххæй. Адæмы `ргом аздæхта, цы фарстатæм æркæсын хъæуы уыдонмæ. Кæд бирæ программæтæ æххæстгонд цæуынц, уæддæр ахуырады хæрзхъæддзинад у хуыздæр хъуаг. Хицæн ныхас цыд ахуыргæнджыты кад фæбæрзонддæр æмæ сæ мызд фæфылдæр кæныныл. Пысылмæтты управленийы муфтий Гуæцæлты Хадзымурат та дзырдта, миддунейы хъомылад æмæ историйы ирд цаутæм къæрцхъусдæр уæвыны тыххæй. «Адæмон фронт»-ы уæнгтæ æмбырды уæвджытæн зæрдæ бавæрдтой, сæ фарстатæ сын бæстæйы Президентмæ кæй фæхæццæ кæндзысты уымæй.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania