филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:55 суббота, 01 июня 2024
10 июля 2014, 17:24
Адæмон инструментты паддзахадон национ оркестрæн фæзынд ног бæстыхай

Йæ разамонæг Гæздæнты Булат разы у, цы бынат сын радих кодтой, уымæй. Фидæны ма цæуыл бакусын хъæудзæн, ахæм фарстатæ ис, фæлæ ныридæгæн залы æнтыстджынæй репитици кæнынц.

73334
Адæмон инструментты паддзахадон национ оркестрæн фæзынд ног бæстыхай. Йæ разамонæг Гæздæнты Булат разы у, цы бынат сын радих кодтой, уымæй. Фидæны ма цæуыл бакусын хъæудзæн, ахæм фарстатæ ис, фæлæ ныридæгæн залы æнтыстджынæй репитици кæнынц.
Маркусы уынг, 22-æм хæдзар. Æрæджы дæр ма ам уыдис дукани. Ныр та бæстыхайæ хъуысынц ирон мелодиты зæлтæ. Уым репетици кæны адæмон инструментты национ оркестр. 
Дзебысаты Аллæ цин кæны. Цалдæр азы тухæнты фæстæ музыкалон къордæн фæзынд йæхи сæрмагонд зал. Радиойы хæдзары бæстыхайæ куы рацыдысты, уый фæстæ сын бирæ рæстæг ног бынат ссарын не `нтыст. Афæдзы бæрц артисттæ репетици кодтой ОЗАТЭ-йы культурæйы хæдзары залы.
Дзебысаты Аллæ, адæмон инструментты паддзахадон национ оркестры музыкант: «Ныртæккæ ам кæй стæм, уый у стыр хорздзинад – æнæхъæн Ирыстонæн дæр. Ацы оркестрæй цы аивад цæуы, уый сæфт куы нæ уа, уæд нæ ирон æвзаг дæр нæ фесæфдзæн».
Маэстро Гæздæнты Булат ног бынатæй райгонд у. Бæстыхай у уæрæх – бынат дзы ис музыканттæн дæр æмæ инструменттæн дæр. Сæйрагдæр та у, акустикæйы домæнтæн дзуапп кæй дæтты, уый.
Гæздæнты Булат, адæмон инструментты паддзахадон национ оркестры разамонæг, УФ-йы адæмон артист: «Ныртæккæ хорз у, хъусын алы музыканты дæр. Кæм куыстам, уым нæ уыдис хъусæн, къултæй мыртæ фæстæмæ тахтысты. Уым тынг æвзæр уыдис, ам та тынг хорз у».
Культурæйы министр Хæбæлаты Фатимæ æмæ Гæздæнты Булат æрныхас кодтой, фидæны ма цавæр фарстатæ алыг кæнын хъæуы, уыдоныл. Се `хсæн – æрыгон музыкантты цæттæ кæныны, инструменттæй æххæст кæныны фарстатæ. Ноджы дæр ма ам фæнд кæнынц студи байгом кæнын. Оркестры артистты уырны, ацы бынат кæй суыдзæн сфæлдыстадон уæлахизты куырдадз.
Ацы залы æрмæст репетицитæ нæ уыдзæн. Арæзт дзы цæудзысты музыкалон изæртæ дæр. Фыццаг концерт уыдзæн сентябры. Аивадуарзджытæ байхъусдзысты оркестры æмæ композитор Махъоты Ацæмæзы сфæлдыстадмæ.
Хъайтмазты Дзерассæ
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania