филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:59 пятница, 19 сентября 2025
26 июля 2016, 18:10
Адæмы Цæгат Ирыстоны æрдзы рæсугъдзинæдтимæ зонгæ кæныны хæс сæ размæ сæвæрдтой туристон клуб «Твоя высота»-йы уæнгтæ

Социалон хызты парахат кæнынц хъусынгæнинаг æмæ саразынц балцтæ. Ныридæгæн уал уыдысты Мады Хохы. Ацы хатт та сæ фæндаг акодтой зындгонд Мидæгрæбинаг æхсæрдзæнтæм. Балцы архайджытимæ фембæлд не сфæлдыстадон къорд.

81290
Адæмы Цæгат Ирыстоны æрдзы рæсугъдзинæдтимæ зонгæ кæныны хæс сæ размæ сæвæрдтой туристон клуб «Твоя высота»-йы уæнгтæ. Социалон хызты парахат кæнынц хъусынгæнинаг æмæ саразынц балцтæ. Ныридæгæн уал уыдысты Мады Хохы. Ацы хатт та сæ фæндаг акодтой зындгонд Мидæгрæбинаг æхсæрдзæнтæм. Балцы архайджытимæ фембæлд не сфæлдыстадон къорд.
Сывæллæтты дæ уæхсчытыл сбадынгæнгæйæ дард балцмæ цæуын. Сæ фарсмæ та æрыгæттæ хызынтимæ æмæ рæсугъд бæллицтимæ. Мидæгрæбинаг æхсæрдзæнтæм балцы ацыдысты 200 адæймагæй фылдæр республикæйы алы рæттæй. Куыд нын радзырдтой, афтæмæй балцы тыххæй хъуысынгæнинаг фехъуыстой æмæ федтой социалон хызты. Ахæм рæсугъд балцæй та йæхи чи бауромдзæн.
Студенттæ æмæ медицинон кусджытæ, заводы кусджытæ æмæ амалхъом адæм – хæхтæм уарзондзинад баиу кодта алы кары æмæ алы дæсныйæдтыл хæст адæмы. Мидæгрæбинаг æхсæрдзæнтæм фæндаг дард кæй уыдзæн, ууыл дæр зæрдиагæй æмæ æмхъæлæсæй баныхас кодтой. Туристтимæ автобусты баурæдтой 4 км дарддæр. Фæлæ дард фистæг балцæй ничи фæтарст. «Сыгъдæг уæлдæф, алыварс æвидигæ æрдзы рæсугъд нывтæ – æмæ дæ къæхтæ сæхæдæг хæссынц размæ» – зæгъынц туристтæ.
Лæгъз фæндаг фæци. Дарддæр цæуын хъæуы дурты сæрты. Æхсæрдзæн рахизырдыгæй, æхсæрдзæн – галиуырдыгæй. Алы къахдзæвимæ та хæстæгдæр кæнынц зындгонд Чысыл æмæ Стыр Зейгаланаг æхсæрдзæнтæ. Цæст райы сæ уындæй, комыл та дардмæ хъуысы хохы бæрзæндæй йæхи зæхмæ æппарæг доны уынæр.
Балцы уæнгтæ кæрæдзийæн æххуыс кæнынц доны сæрты хизын. Социалон хызты чи базонгæ, уыдон ныр комкоммæ фембæлдысты æмæ сæ виртуалон æмбалдзинад рахызт цардмæ. Кæрæдзийæн æххуыс та сæ ноджы тынгдæр кæй æрбангом кæндзæн, уый бæрæг у. Уæдæ æнæ къам сисгæйæ, цавæр балц ис. Æмæ ком алырдыгæй цæхæр скалдта къамисæн аппаратты æмæ телефонты камерæты русхытæй.
Бæлццæттæ Зæйгаланаг æхсæрдзæнмæ куы бахæццæ сты, уæд æнкъарæнтæн бауромæн нал уыд. Уыимæ цас хæстæгдæр цыдысты, уæйбæрц фырдисæй зæрдæ риуы йæхи нал уырæдта. Æхсæрдзæн дæр сын «æгасцуай» зæгъы дардмæ тæхæг доны æртæхтæй. Æмæ куыд фæзæгъынц – ахæм æнкъарæнты тыххæй радзурынмæ адæймаг ныхас нæ ары. Уæлдай æнкъарæнтæ та гуырынц чысыл Зейгаланы æхсæрдзæны доны бын чи слæууы, уыдонмæ. Куыд зæгъынц, афæтæмæй сæ ницæимæ абарæн ис.
Балц аразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ацы хатт æрбацыд æппæтæй фылдæр адæм. Семæ уыдысты фæлтæрдджын инструктортæ. Æмæ куыд зæгъынц, афтæмæй социалон хызты чи райдыдта, уыцы балцтæ уыдзысты арæхдæр, сæ географи та уæрæхдæр.
Акцийы архайджытæ ныридæгæн дæр уыдысты Дайраны комы Мады хохы. Мидæгрæбинаг æхсæрдзæнты фæстæ фæнд кæнынц Дыгургомы хæхтæм ацæуын. Чи зоны æмæ дзы чидæртæ уыдысты æмæ сæ федтой, фæлæ ма сæм иу хатт ацæуын бирæты бафæнддзæн. Уæлдайдæр та æхсæрдзæнты дон æмæ Дæргъæвсгомы уæлдæф кæрæдзиуыл кæй сбастой, уыцы адæмы.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania