филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:14 воскресенье, 01 февраля 2026
13 мая 2022, 12:19
Адæймаджы сгуыхтдзинæдтæ, йæ ном цæрынц цалынмæ йæ дзыллæттæ хъуыды кæной, уæдмæ

Æрæфы районы куыд ацыд Уæлахизы бон, стæй цавæр мадзæлтты бацархайдтой йæ цæрджытæ уый базыдта  Сосранты Жаннæ

Адæймаджы сгуыхтдзинæдтæ, йæ ном цæрынц цалынмæ йæ дзыллæттæ хъуыды кæной, уæдмæ. Ууыл та хъуамæ куса алы фæлтæр дæр. Афтæ, 77 азы дæргъы, алы 9 майы цы номарæн мадзæлттæ арæзт æрцæуы, уыдоны ахадындзинад, фæсивæды зондахастыл, бæрæг фæдары сæ зæрдиаг архайдæй. Æрæфы районы куыд ацыд Уæлахизы бон, стæй цавæр мадзæлтты бацархайдтой йæ цæрджытæ уый базыдта  Сосранты Жаннæ, æмæ йын бакæсæм йæ сюжетмæ.

Сæ нæмттæ, сæ хæстон фæндæгты мысинæгтæ фæлтæртæй рох никуы уыдзысты. Уымæн, радон хатт, æвдисæн уыд, Æрæфы районы цы номарæн мадзæлттæ арæзт æрцыд, уыдон. Райдыдтой «Æнæмæлгæ полк» -ы архайджыты цыдæй. Цыппар километры, районы куыстуæттæ, ахуыргæнæндæтты минæвæрттæ  сæ кадджын хистæрты къамтимæ, сæрбæрзондæй  бахæццæ сты æфсымæрон ингæны цурмæ. Уым сарæзтой номарæн митинг.

Зæрдæ рухс кодта, районы цæрджытæ иумæйагæй кæй бацархайдтой мадзалы, уымæй. Цыколайы ацы æфсымæрон ингæны ныгæд ис 700 адæймагмæ хæстæг. Æрвылаз ардæм æрбацæуы , ам цы æрыгон хъæбатырты цард аскъуыд, ацы зæххытæ фашисттæй уæгъд кæнгæйæ, уыдоны фæдонтæ алы  бæстæтæй. Ацы хатт митингы бацархайдта Туркменистаны делегаци.

Æрæфы районы администрацийы сæргълæууæг Лагкуты Омар æппæт æрбацæуджытæм фæхæццæ кодта боны, стæй ацы бынаты ахадындзинад.

Æфсымæрон ингæнмæ æрбацæуджытæ, тынг зæрдиагæй, хъуыстой æппæт архайджыты хъуыдытæм. Сæ алкæцыдæр дзы баст уыд, нæ фыдæлты истори фидæны фæлтæртæм хæццæ кæнынимæ. Нæ абоны рухс цардыл сæ цард ратджыты нæмттæ хъуыды кæнынимæ.

Дарддæр, номарæн мадзалы архайджытæ, сæ фæндаг акодтой Æрæфы районы культурæйы галуанмæ. Уым сæм æнхъæлмæ каст концертон программæ.

Хъæбатырты кадæн ма Æрæфы районы сарæзтой Джип-риал. Фæсивæды социализацийы хайады минæвæрттæ скодтой æппæт фадæттæ дæр йæ архайджытæн. Машинæты дугъы бацархайдта 18 экипажы. Сæ хæдтулгæтыл нæ ауæрдгæйæ сæ алкæйы дæр фæндыд хæслæвæрдтæ сæххæст кæнын æмбæлгæ уагыл, цыбырдæр рæстæгмæ. Æртæ уæлахиздзаумæ æнхъæлма каст æхцайы премитæ æмæ кады гæххæттæ.  Æппæт архайджытæн та арæзт æрцыд бæрæрæгбоны фынгтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania