филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:44 четверг, 12 сентября 2024
21 августа 2024, 11:11
Адæймаг йæхимæ цы кары, стæй цавæр арæхстдзинад раргом кæндзæн, уымæн алы хатт рагацау базонæн нæ вæййы

Фæлæ уарзон, зæрдæмæ хæстæг куыстыл хæст уæвгæйæ та уды хъару кæй фидар кæны, ууыл дыууæ нæ зæгъы Хæзныдоны цæрæг, æрмдæсны Тахъазты Заремæ. Сосранты Жаннæ йын раргом кодта йæ куысты фæндагмæ сусæгдзинæдтæ.

Тахъазты Заремæ йæ куыстыты кой кæнгæйæ, рæстæгыл нал фæхъуыды кæны, йæ уды æнкъарæнтæ та сбирæ вæййынц. Фæнды йæ зæрдæмæдзæугæ куыстытæ кæнын, æмæ йын æнтысы. Йæ ныхæстæм гæсгæ йæ цард æнæ ацы куыстæй уынгæ дæр нал кæны. Куыд зæгъы, афтæмæй ацы нывтæ кæдæй кæны, уæдæй фæстæмæ йе нæниздзинад дæр фæхуыздæр. Ныр хостæ æлхæныны бæсты йе хца хардз кæны æндæхтæ æмæ æндæр хъæугæ æрмæгыл.

Бирæсывæллонджын мад, фæрнджын сылгоймаг йæ абоны цардмæ кæд зын фæндæгтыл цыд, уæддæр йæхи ацы куысты кæй ссардта, уымæй у разы. Йæ фæстаг куыстытæй иу у Æрæфы районы картæ.

Заремæйы бахæссæн ис, зæрдæйæ йæ куыст чи кæны, уыцы адæмы рæнхъмæ. Архайы йæ алы куыст дæр лæмбынæг бакæныныл. Йæ бирæ фæллæйтты хсæн фенæн ис Нарты Куывд. Фæкуыста йыл дыууæ азы. Ныр æй бирæ равдыстыты базонынц ацы куыстæй.

Уæдæ æнæ бæллиццæй дæр сфæлдыстадон адæймагæн уæвæн нæй. Тахъазты Заремæйы тынг фæнды Абетæ бахуыйын.

Тахъазты Заремæмæ кæсгæйæ куыд нæй баууæндæн – уды хъæздыгдзинады бындур уарзон куыст кæнын кæй у, ууыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania