филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:13 вторник, 18 июня 2024
13 января 2022, 13:40
Адæймаг цæры – рæсугъд фидæн аразыны нысанимæ

Уымæн та уæвæн нæй æнæ зæрдæргъæвд, райдзаст кæстæртимæ

Адæймаг цæры – рæсугъд фидæн аразыны нысанимæ. Уымæн та уæвæн нæй æнæ зæрдæргъæвд, райдзаст кæстæртимæ. Уый чи æмбары, уыдон архайынц сæ цард  сын цымыдисагдæр, сæ зондахаст та фылдæр кæныныл. Ууыл кусын райдайынц рæвдауæндоны. Не сфæлдыстадон къорд бабæрæг кодта Дигорайы сывæллæтты рæвдауæндон «Улыбка» æмæ уæм Сосранты  Жаннæ фæхæццæ кæндзæн, йæ коллектив куыд архайы сæ хъомылгæнинæгты райдзаст фидæныл, уый.

Азы диссæгтæ аразæг бæрæгбонмæ уæлдай тынгдæр сывæллæттæ кæй фенхъæлмæ кæсынц, уый гуырысхойаг нæу. Кæд эпидемиологон уавæр æххæст зæрдæмæдзæугæ мадзæлттæ аразыны бар нæ дæтты, уæддæр  республикæйы æппæт рæвдауæндæнтты дæр  конд æрцыдысты ног азы утренниктæ. Дигорайы рæвдауæндон «Улыбка»-йы хъомылгæнинæгтæ бæрæгбонмæ сæхи цæттæ кæнын райдыдтой рагагъоммæ.

Ныртæккæ рæвдауæндоны ис 160 сывæллоны.  Йæ директоры ныхæстæм гæсгæ фæстаг рæстæг, районы администраци æмæ ахуырады хайады фæрцы,  сæ уавæртæ дзæвгар фæхуыздæр сты æмæ сæм ныйæрджытæ сæ сывæллæтты зæрдиагæй хонынц.

Рæвдауæндоны бæрæгбон барæсугъд кæнынмæ ма йе вæрæн бахаста, æрæджы дзы цы къорд байгом ис, уый. Ивета Караваева йæ сæргъы, афтæмæй дзы сывæллæттæн фадат ис дзырдарæхсты дæсныйадыл кусынæн. Дигорайы сывæллæтты сфæлдыстады галуаны кусгæйæ ам дæр скодта литературон къорд «Учимся играя». Куыд зæгъы, афтæмæй алы сывæллоны удмæ дæр фæндаг куы ссарай, уæд ын раргом кæндзæн йæ зæрдæмæ хæстæг хъуыддаг.

Зæрдиаг куыстæн æнæ рабæрæг уæвæн нæй, уæлдайдæр та сывæллæттимæ баст куы уа, уæд. Иветæйы ныхæстæм  гæсгæ рæвдауæндоны кусынæн ын фадат кæй ис, уый пайдайаг у сывæллæттæн. Цæуын сæ никæдæм хъæуы, афтæмæй сын зонындзинæдтæ лæвæрд цæуы. Иветæйы хъомылгæнинæгтæ та сæ рæсугъд аив дзырдыхъæды фæрцы уæлахиздзаутæ свæййынц бирæ сфæлдыстадон конкурсты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania