филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:52 вторник, 17 марта 2026
10 марта 2026, 10:34
Адæмон фронт æмæ Ирыстойнаг зылды социалон лæггæдты комплексон центр  бæрæгбоны арфæтæ ракодтой сылгоймæгтæн

Мадзал арæзт æрцыди сывæллæтты сфæлдыстады центр «Заря»-йы

Сылгоймæгты æппæтадæмон боны агъоммæ Адæмон фронт æмæ Ирыстойнаг зылды социалон лæггæдты комплексон центр  бæрæгбоны арфæтæ ракодтой сылгоймæгтæн. Мадзал арæзт æрцыди сывæллæтты сфæлдыстады центр «Заря»-йы. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты бинойнæгтæн, бирæсывæллонджын ныййарджытæн, алы къабæзты республикæйы рæзтмæ æвæрæн чи бахаста, уыдонæн бацæттæ кодтой концерт. Адæмон фронты регионалон штабы æмсæрдар Дзгойты Дмитрийы æххуысæй 30 сылгоймаджы хорзæхгонд æрцыдысты зæрдылдарæн лæвæрттæй. Фембæлд саразджытæ куыд загътой, афтæмæй кæдфæндыдæр сылгоймæгтыл уыди стыр бæрнондзинад æвæрд, уæлдайдæр та ныртæккæйы рæстæг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania