филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:19 среда, 03 июля 2024
15 марта 2022, 13:39
Адæмон Фронт дарддæр æххуыс кæны Лескены цæрæг бирæсывæллонджын бинонтæн хæдзар саразыны хъуыддаджы

Активисттæ сын баластой  ламинат, плиткæ æмæ хи найæн мигæнæнтæ

Адæмон Фронт дарддæр æххуыс кæны Лескены цæрæг бирæсывæллонджын Хъаирты бинонтæн хæдзар саразыны хъуыддаджы. Активисттæ сын баластой  ламинат, плиткæ æмæ хи найæн мигæнæнтæ. Хъаиртæн хи цæрæнбынат никуы уыд. Цалдæр азы размæ бинонты бон баци райсын, рагæй кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы зæххы хай. Хæдзар аразыны фæнд куы скодтой, уыд сыл сæмбæлд уæззау хабар –   æхсæз сывæллоны фыд йæ цардæй ахицæн. Сæ базыры бын сæ бакодтой сæ хæстæджытæ.  Фæлæ уæддæр Хъаирты Аринæйы ныфс нæ асаст, уырны йæ зæрдæхæлар адæмы æххуысы фæрцы сын кæй бантысдзæн хи къæс саразын, уый. Активисттæ сын сæ уавæры хабар куы базыдтой, уæд сын уайтагъд феххуыс кодтой арæзтадон æрмæгæй. Йæ ракалынæн та сæм фæкастысты Адæмон фронты фæсивæдон командæйы уæнгтæ. Адæмон фронты регионалон штабы æмсæрдар Дзоблаты Альбинæйы ныхæстмæ гæсгæ ма ацы бинонтæн дарддæр æххуыс кæндзысты, сæ цæст сæм дардзысты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania