филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:41 понедельник, 20 мая 2024
08 мая 2024, 11:48
Адæмон фронт расидтис æрфарст æхсæнадон транспорты куысты тыххæй

Республикæйы цæрджыты бон у сæ хъуыдытæ зæгъын, нæ республикæйы бæлццæттæласæг къабазы фæдыл, уыимæ шофыртæ сæ цыды фæтк куыд æххæст кæнынц æмæ æрлæууæн бынæтты куыд лæууынц, уый тыххæй

Адæмон фронт расидтис æрфарст æхсæнадон транспорты куысты тыххæй. Республикæйы цæрджыты бон у сæ хъуыдытæ зæгъын, нæ республикæйы бæлццæттæласæг къабазы фæдыл, уыимæ шофыртæ сæ цыды фæтк куыд æххæст кæнынц æмæ æрлæууæн бынæтты куыд лæууынц, уый тыххæй. Æрфарст у æнæном æмæ дзы бацархайæн ис 20-æм маймæ. Ацæуæн æй ис адæмон фронты сæрмагонд сайты. Уымæй дарддæр уын уæ зæрдыл лæууын кæнæм – Адæмон фронты регионалон хайад æмбырд кæны фæрæзтæ, цæмæй дронтæ балхæна, уый тыххæй. Уыцы фæрæзтæ арвитдзысты сæрмагонд æфсæддон операцийы бынатмæ. Куыд бамбарын кодтой, афтæмæй ныртæккæ нæ хæстонты хъæуы ахæм техникæ. Æхца æмбырд кæнынц проект «Адæмон фронт. Алцыдæр Уæлахизæн!»-ы домæнтæ æххæст кæнгæйæ. Бæлвырддæр информаци уæ бон у райсын сайт  pobeda.onf.ru.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania