филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:34 суббота, 31 января 2026
10 июня 2022, 10:27
«Адæмон фронт»-ы уæнгтæ федтой Дзæуджыхъæуы сывæллæтты рæвдауæндæтты тезгъогæнæн бынæтты уавæртæ

Активисттæ бабæрæг кодтой дыууæ рæвдауæндоны

«Адæмон фронт»-ы уæнгтæ федтой Дзæуджыхъæуы сывæллæтты рæвдауæндæтты тезгъогæнæн бынæтты уавæртæ. Активисттæ бабæрæг кодтой дыууæ рæвдауæндоны. Весеннийы уынджы 86-æм æмæ Къостайы проспекты 47-æм. Уæлдай æргом здæхт æрцыд беседкæты сæрты уавæрмæ, сæ æдасдзинадмæ. Бирæ рæвдауæндæтты, рæстæджы цыдимæ, æхгæд хъазæн бынæттæ æрцыдысты зæууатмæ æмæ сæ фехæлдтой. Домæнтæм гæсгæ хъуамæ арæзтад сабиты хъахъхъæна хуры тынтæй æмæ уарынтæй. Уыимæ, санитарон домæнтæм гæсгæ, хъуамæ конд уой æрдзон æрмæджытæй, ахуырст та экологон ахорæнтæй. Администрацийы зæрдæ бавæрдтой – рæхджы 6 рæвдауæндоны æвæрд кæй æрцæудзæн ног æхгæд бынæттæ. Сæ саразынæн дихгонгонд æрцыд сæрмагонд фæрæзтæ. Фидæны та ма ахæм арæзтæдтæ хъуамæ фæзыной скъолайы агъоммæйы æппæт уагдæтты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania