Ацы хатт бабæрæг кодтой Æрыдоны, Дыгуры æмæ Æрæфы районтæ
Адæмон фронты эксперттæ рацыдысты радон бæрæггæнæн куыстмæ. Ацы хатт бабæрæг кодтой Æрыдоны, Дыгуры æмæ Æрæфы районтæ. Федтой, федералон проекттæм гæсгæ цы объекттæ арæзт æрцыдысты, уыдон. Се хсæн – сывæллæтты ирхæфсæн фæзтæ æмæ фæлладуадзæн парктæ. Цæмæй баззадысты разыйæ, æмæ ма цæуыл хъæудзæн бакусын, уый тыххæй радзурдзæн Чехойты Фатимæ.
Национ проект «Цæрæнуæттæ æмæ горæты тыгъдад»-ы федералон проект «Горæты æнцонвадат архайд»-мæ гæсгæ фарон Мичуриныхъæуы сывæллæттæн сарæзтой хъазæн фæз. Адæмон фронты минæвæрттæ уыдысты объекты. Уыдон бæрæг кодтой куыстыты хæрзхъæддзинад. Æркастысты, объект æппæт домæнтæн дзуапп дæтты, æви нæ, уымæ. Æхсæнадон кусджытæ куыд фæнысан кодтой, уымæ гæсгæ рацаразын хъæуы йæ алфамблай территори. Сæ курдиæттæ балæвæрдтой бынæттон администрацимæ.
Иннæ объект, адæмон фронты минæвæрттæ кæй бабæрæг кодтой, уый уыд Дигорайы парк. Объект саразын фæнд кæнынц 2 азы *мгъуыдмæ. Ныридæгæн фесты куыстыты фыццаг къæпхæн. Сарæзтой баскетболæй хъазæн бынат æмæ футболон фæз кæрдæджы уæлцъарæй. Ныффидар дзы кодтой цæджындзтæ электрон рухсгæнæнтæн æмæ ныллæг бырутæ. Ацы аз дзы хъуамæ фæзына бынæттæ фæлладуадзынæн æмæ сывæллæттæн хъазынæн, æмæ воркауты фæз дæр.
Дигорайы ма æхсæнадон кусджытæ бабæрæг кодтой ноджыдæр иу парк, Тогойы-фырты уынджы. Уый рацарæзтой федералон проект «Чысыл горæттæ æмæ историон цæрæн бынæттæ» æххæст кæнгæйæ. Адæмон фронты минæвæртты хъуыдымæ гæсгæ, æппæт куыстытæ конд æрцыдысты æмбæлгæ уагыл. Парк сси адæмæн уарзон бынат. Фæллад уадзынæн дзы конд ис алыхуызон мадзæлттæ. Сæвæрдтой дзы бандæттæ, херыгæнæнтæ. Ис дзы спортивон фæз дæр.
Æхсæнадон кусджытæ бабæрæг кодтой Æрæфы район дæр. Цыколайы байгом, сывæллæттæ сæхи кæм ирхæфсдзысты, ахæм бынат. Сæвæрдтой дзы алыхуызон фæрæзтæ хъазынæн æмæ спортивон тренажертæ. Йæ уæлцъар у резинæйæ. Адæмон фронты регионалон хайады разамонæг Гæлиты Климы ныхæстæм гæсгæ, æппæт куыстытæ дæр конд æрцыдысты, гæххæттытæм гæсгæ нысангонд куыд уыдысты, афтæ.
Национ проект «Цæрæнуæттæ æмæ горæты тыгъдад» ахъаз у адæмæн сæ царды уавæртæ хуыздæр кæнынæн. Рацаразын цы æхсæнадон бынæттæ фæхъæуы, уыдон цæрджытæ сæхæдæг равзарынц, хъæлæс кæныны руаджы. Уый тыххæй сæм сæвзæры стыр цымыдисдзинад, сæ курдиæттæ сæххæст уыдзысты, æви нæ, уымæ.




