Федтой сывæллæтты рæвдауæндоны гæнæнтæ
Адæмон фронты эксперттæн кусæг балц уыд Алагиры районы хъæу Цраумæ. Федтой сывæллæтты рæвдауæндоны гæнæнтæ. Уымæй дарддæр базыдтой, хъæуы спортæн архайынæн æмбæлгæ уавæртæ кæй нæй, уый. Кусæг фембæлды архайдтой æндæр бæрнон кусджытæ дæр. Цавæр хатдзæгтæм æрцыдысты, уый тыххæй радзурдзæн Фидараты Маринæ.
Æрыгон активисттæ спортивон зал сæхи хъарутæй саразын иу æмæ дыууæ хатты нæ хъавыдысты. Диамбекты Черменæн, куыд тренерæн, уый у тынг ахсджиаг фарста. Фæсивæдæн тренировкæтæ кæны армрестлингæй. Арæхдæр тренировкæтæ фæцæуынц йæ хæдзары. Хатгай та ацæуынц Алагиры спорткмплексмæ, кæнæ та Хуымæллæгмæ. Уый æнцон хъуыддаг нæу. Фæлæ сæ канд ацы фарста нæ тыхсын кæны.
Зындзинæдтæ нæ хынцгæйæ, фæсивæд тырнынц æнæниз цардыуагмæ. Фæнды сæ чемпионтæ суæвын. Дæнцæг кæмæй исой, уый дæр сын ис. Фæлæ спортæй архайынæн та уавæртæ нæй. Уыимæ канд фæсивæд нæ тырнынц спортивон цардмæ. Хистæр кары адæмы дæр фæнды физкультурæйæ архайын. Хъæуы цæры 3 мин адæймаджы онг. Спортивон секцитæн ты дзы зал æппындæр никуы уыд.
Црауы ис æрмæстдæр иу фæз. Скодтой йæ дыууæ азы размæ. Ныртæккæ йæ уавæр хуыздæртæй нæу. Ис дзы уынгты тренажертæ æмæ турникты комплекс. Фæлæ сæ ничи пайда кæны. Фæз ис хъæуы администрацийы бæрны. Быруйы хуынчъытæ, йæ уæлцъар дæр афтæ. Адæмон фронты минæвæрттæм ис сæрмагонд хъуыдытæ уавæр аивыны тыххæй.
Адæмон фронты активистты хъуыдымæ гæсгæ Црауы хъæуы æхгæд зал саразын. Бынат дæр ын ссардтой. Зæронд скъола кæм уыди, уыцы уаццагыл ныртæккæ ницы ис. Уый дæр ис районы бæрны. Муниципалон сконды сæргълæууæг Демыраты Вячеслав куыд загъта, афтæмæй зæххы хай уыцы нысантæн радих кæныны фадат ис. Адæмон фронт дæр сын баххуыс кæндзæн.
Бынæттон цæрджытæ ма Адæмон фронтмæ фæсидтысты ноджыдæр иу фарстайы фæдыл. Ныхас цæуы ног рæвдауæндоны арæзтадыл. Фæлæ мониторингы хатдзæгтæм гæсгæ, скъолайы агъоммæйы куыстуат ис æмбæлгæ уавæры. Раздæр бæстыхайы уыдис администраци. 2007-æм азы та дзы æрбынат кодта рæвдауæндон. Алы аз дæр æй сцалцæг кæнынц. Сæрды та дзы æххæстæй баивтой хъармгæнæн системæ. Ис дзы 4 къорды. Цæуынц сæм 65 сабийы. Æхсæнадон кусджытæ сын федтой сæ уавæртæ.
Цалынмæ Адæмон фронты активисттæ иу хъуыддæгтæ лыг кодтой, уæдмæ сæм хъæуы цæрджытæ фæсидтысты ног фарстаты фæдыл. Баст сты ахуыргæнæндонимæ. Уымæ гæсгæ ма æхсæнадон кусджытæ Црау иу æмæ дыууæ хатты нæ бабæрæг кæндзысты. Алы фарстамæ дæр æркæсдзысты лæмбынæг.




