филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:17 вторник, 17 июня 2025
07 мая 2025, 10:41
Адæмон фронты минæвæрттæ Æбæрæг Салдаты Ингæнæй Дзæуджыхъæуы Намысы Аллеямæ бахæццæ кодтой æнусон арты хай

Æрвылазон æппæтадæмон патриотон акци «Номарæн Арт» райдыдта Мæскуый

Адæмон фронты минæвæрттæ Æбæрæг Салдаты Ингæнæй Дзæуджыхъæуы Намысы Аллеямæ бахæццæ кодтой æнусон арты хай. Æрвылазон æппæтадæмон патриотон акци «Номарæн Арт» райдыдта Мæскуыйы. Сыгъдæг арт арвыстой Уæрæсейы 131 горæтмæ æмæ 54 регионмæ. Уымæй дарддæр æй бахæццæ кодтой Европæйы, Азийы æмæ Африкæйы 21 бæстæмæ. Дзæуджыхъæуы Намысы Аллеяйы арæзт æрцыд кадджын мадзал. Акодтой дзы хæстон æмæ æфсæддон-патриотон зарджытæ, тематикон æмдзæвгæтæ. Кадджын мадзалы ма архайдта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Арутюн Хачикян. Уымæн лæвæрд æрцыд Æнусон арт ссудзыны бар. Адæмон фронты минæвæрттæ ма хæствæллад хистæрæн раарфæ кодтой, Стыр Уæлахизы 80 азы боны фæдыл, æмæ йын ракодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania