Се хсæн бирæсывæллонджын æмæ сæрмагонд æфсæддон оперцийы архайджыты бинонтæ дæр
Адæмон фронты минæвæрттæ æмæ бирæсывæллонджын бинонты иугонды уæнгтæ бæрæгбоны кадæн арфæтæ ракодтой 10 бинонтæн. Се хсæн бирæсывæллонджын æмæ сæрмагонд æфсæддон оперцийы архайджыты бинонтæ дæр. Ракодтой сын зæрдиаг лæвæрттæ. Чехойты Фатимæ радзурдзæн бæлвырддæр.
Гусойтæ хъомыл кæнынц 12 сывæллоны. Уыдон иу стыр æнгом къордæй зонгæ кæнынц ног хъазæнтимæ. Фæлæ хæдзары кæстæртæ æрмæст сæхи нæ фæирхæфсынц, æххуыс фæкæнынц сæ ныййарджытæн хæдзары куыстытæ кæнынæн дæр.
Уый у бинонты амондджын царды сусæгдзинад. Сты кæрæдзиуыл æнувыд. Гусойты Гоча æмæ Ингæйæн сывæллæттæ æдзух æххуыс кæнынц. Кæрæдзимæ уарзондзинад сын дæтты тых цæрынæн.
Цæрын, кæрæдзийы уарзондзинад æнкъаргæйæ. Уый у ацы бинонты сæйраг миниуæг. Дудайты Марат æмæ Гæбуты Ларисæ сæ цард цæлдæр азы размæ баиу кодтой. Бирæ зындзинæдты сæрты ахызтысты. Марат уыд сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг. Уæззау цæфты фæстæ йын иу къах йеддæмæ нал ис. Йæ зæрдыл ма лæууы, цардмæ раздæхын ын æрмæст йæ фидар удыхъæды руаджы нæ бантыст. Фыццаджыдæр – йæ бинойнаджы æххуыс æмæ уарзондзинады руаджы. Уый та у амондджын царды сусæгдзинад, зæгъы Ларисæ.
Бæрæгбоны агъоммæ Адæмон фронты минæвæрттæ бабæрæг кодтой 10 бинонты. Лæвæрттæ сын бацæттæ кодтой бирæсывæллонджын бинонты Иугонд æмæ Ирыстойнаг районы социалон æххуысы центримæ иумæ.
Дыууæйæ иумæ зындзинæдты сæрты хизын æмæ амондджын бонтæ *рвитын. Уый царды æнтысы, бинонтæ, уарзондзинад æмæ æууæнк кæй равзæрстой, уый фæрцы.
