филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:07 суббота, 31 января 2026
24 мая 2024, 11:40
Адæмон фронты минæвæрттæ расидтысты радон бæрæггæнæнæ куыст

Ацы хатт бабæрæг кодтой Дзæуджыхъæуы цалдæр хæдзары кæрты

Адæмон фронты минæвæрттæ расидтысты радон бæрæггæнæнæ куыст. Ацы хатт бабæрæг кодтой Дзæуджыхъæуы цалдæр хæдзары кæрты. Федтой сын сæ уавæр, байхуыстой адæмы хъæстытæм. Æппæт фарстатыл дæр хъуамæ бакусой бæрнон кусджытæ. Адæмон фронты активисттæ та дарддæр кæсдзысты уавæрмæ. Ныхасы бар Чехойты Фатимæйæн.

Первомайскийы уыджы 54 – æм хæдзары цæрджытæ дзурынц сæ риссагдæр фарстытыл. Кæрты  асфальт схæудтытæ кодта, фистæгæйцæуджытæн къахвæндæгтæ нæй, шофыртæ  сæ машинæтæ скъæрынц, куыд сæ фæнды, афтæ. Спортивон фæз æхгæд нæу, футболæй хъазынæн фадат нæй.

Цæрджыты ма тыхсын кæны иу фарста – бонæй бон фылдæр кæны æнæхæдзар цæрæгойты нымæц. Темыраты Альбинæ базилы къæбылатæм æмæ гæдытæм, радты сын хæринаг. Фæлæ уый фаг нæу фарста алыг кæнынæн. Лæвар стерилизаци скæныны фадат куы уаид, уæд хуыздæр.

Леоновы уынджы 9-æм хæдзар. Бæлæстæй зынгæ дæр нал кæны. Цæрджыты фæнды сæ кæртмæ базилын. Фæнды сæ, цæмæй  бæлæстæн сæ уæлдай къалиутæ лыггонд æрцæуой, кæрты та ног асфальт æвæрд уа, уый. Уыцы фарста сæ бон нæу дыууæ азы дæргъы алыг кæнын.

Сывæллæты хъæзæн фæз рагæй нал дæтты дзуапп нырыккон æдасдзинады домæнтæн. Цæрджытæ курынц сæ кæрты уавæртæ фæхуыздæр кæнын.

Адæмон фронты минæвæрттæ дарддæр дæр сæ цæст дардзысты ацы фарстатæм.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania