20 ноября 2024, 10:33
Адæмон фронты минæвæрттæ тохы быдырмæ арвыстой артагласæн «Урал»
Бархионты батальон «Алани»-йы хæстонтæн машинæйæ баххуыс кодтой Цæцæны республикæйы хъахъхъæнæн Федералон службæйы уæнгтæ
Адæмон фронты минæвæрттæ тохы быдырмæ арвыстой артагласæн «Урал». Бархионты батальон «Алани»-йы хæстонтæн машинæйæ баххуыс кодтой Цæцæны республикæйы хъахъхъæнæн Федералон службæйы уæнгтæ, проект «Алцыдæр Уæлахизæн» æххæстгæнгæйæ. Артагласæн машинæйы техникон лæггæдтæ бабæстон кодтой горæты машинæтæ аразæн бынæттæй иуы. Базылдысты йæм, баххæст æй кодтой хъæугæ æрмæгæй. Уæвгæ, ацы специалисттæ рагæй хæссынц се вæрæн не мзæххон хæстонтæн баххуыс кæныны хъуыддагмæ. Адæмон фронты минæвæрттæ куыд зæгъынц, афтæмæй ныридæгæн фронтмæ арвыстой техникæйы 30 иуæджы. Тагъд ацы машинæ дæр бахæццæ уыдзæн бынатмæ.
темæмæ гæсгæ




