филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:47 суббота, 21 сентября 2024
14 декабря 2023, 10:21
Адæмон фронты минвæрттæ сарæзтой мониторинг æмæ æркастысты фæндæгты уавæрмæ

Ацы хатт цæстдард цыд Хъантемыраты Алыбеджы, Суворовскийы, Курскийы æмæ Къостанты Николайы уынгтæм

Адæмон фронты минвæрттæ сарæзтой мониторинг æмæ æркастысты фæндæгты уавæрмæ. Ацы хатт цæстдард цыд Хъантемыраты Алыбеджы, Суворовскийы, Курскийы æмæ Къостанты Николайы уынгтæм. Ацы уынгты фæндæгтæ сты базилинаг. Дзыхъхъытæ æмæ пырх асфальт. Хæстæгдæр хæдзæртты цæрджытæн сæ бон куыд у, афтæ зилынц фæндæгтæм, фæлæ уый фаг нæу. Куыд лыггæнгæ сты сæвзæрд фарстатæ, уый тыххæй радзурдзæн Тъехты Элинæ.

Дзæуджыхъæуы цæрджытæ хъаст кæнынц фæндæгты уавæрæй. Хъантемыраты Алыбеджы уынгы цы стыр дзыхъхъ ис, уый алыварс бынæттон цæрджытæн сæ бон куыд уыд, афтæ фæнысан кодтой, цæмæй дзы машинæ æнæнхъæлæджы ма батула, уый тыххæй.

Æмæ ма Хъантемыраты Алыбеджы уынгы асфальт ис, фæлæ  Курскийы æмæ Суворовскийы уынгтæ кæм баиу вæййынц, уым йæ кой дæр нæй. Кæцыфæнды рдæм куы акæсай, уæддæр дзы фендзынæ зæрдæхсаинаг фæндаг. Æмæ хæстæгдæр хæдзæртты цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм уавæр сæвзæрд 5 азæй раздæр.

Адæмон фронты эксперттæ æркастысты Къостанты Николайы уынджы уавæрмæ дæр. Ам бындурон цалцæггæнинаг у æнæхъæн квартАл. Барбашовы уынгæй Островскийы уынджы онг. Бынæттон цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ацы ран дзыхъхъытæ дæр никуы сцалцæг кодтой. Æнæнхъæн фæндагыл та дзургæ дæр нал кæнынц. Адæмæн сæхи бон куыд у, афтæ йæм зилынц.

Дзæуджыхъæуы цæрджыты курдиæтты фæстæ адæмон фронты минæвæрттæ æркастысты фæндæгты уавæрмæ. Цы хатдзæгтæ скодтой, уыдон арвитдзысты профилон комитеттæм, стæй Дзæуджыхъæуы администрацимæ дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania