Фыццаг уал бабæрæг кодтой Дзæуджыхъæуы Международныйы уынджы ахæм уаццаг
Адæмон фронты регионалон хайады минæвæртты хъæппæрисæй арæзт æрцыд радон рейд æнæзакъон бырондæттыл. Фыццаг уал бабæрæг кодтой Дзæуджыхъæуы Международныйы уынджы ахæм уаццаг. Хæрзæрæджы ма ам уыдысты бырæтты обæуттæ. Афæдзы дæргъы бынæттон цæрджытæ сæ хъаст хастой алы бæрнон ведомствотæм. Æхсæнадон змæлды минæвæрттæ та уый фæдыл фæсидтысты Дзæуджыхъæуы администрацимæ. Афтæмæй æнæзакъон бырондон скуынæг кодтой мæйы размæ. Ныртæккæ ам нысан кæнынц территори саив кæнын æмæ йæ асфальтæй бамбæрзын.
Адæмон фронты минæвæрттæ ма сбæрæг кодтой Джызæлы сæрмæ территори дæр. Хъолайы цъитийы амæттæгты цыртдзæвæны алфамбылай æрæмбырд бирæ бырæттæ. Сæ фылдæр – арæзтон æрмæджыты хауæдздзæгтæ. Ивгъуыд аз территори ныссыгъдæг кодтой, фæлæ та уавæр сси раздæрау. æхсæнадон змæлды минæвæрттæ фæнд кæнынц Горæтгæрон районы администрацимæ курдиат бадæттын, цæмæй бынатмæ æркæсой, æмæ бырондон скуынæг кæной.




