филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:30 суббота, 18 мая 2024
27 июля 2023, 11:59
Адæмон фронты регионалон штабмæ æххуысагур фæсидтысты Гугкайы-фырты уынджы 67-æм хæдзары цæрджытæ

Хъаст кæнынц, хæдзарæн разамынддæттæг компани йæ хæстæ куыд æмбæлы, афтæ кæй не ххæст кæны, уымæй

Адæмон фронты регионалон штабмæ æххуысагур фæсидтысты Гугкайы-фырты уынджы 67-æм хæдзары цæрджытæ. Хъаст кæнынц, хæдзарæн разамынддæттæг компани йæ хæстæ куыд æмбæлы, афтæ кæй не ххæст кæны, уымæй. Бирæфатерон хæдзары сæрæй тæдзы, подъезды рудзгуытæ пырх, къултæ афаз сты. Чи нæ куыста, уыцы лифт та сцалцæг кодтой сæхи фæрæзтæй. Цæрæнуæтты инспекци дæр аиппытæ æрхаста разамынддæттæг компанийы куыстмæ. Адæмон фронты эксперттæ та зæрдæ бавæрдтой, уавæрмæ бæстон цæстдард кæй цæудзæн, уымæй. Фидараты Маринæ радзурдзæн бæлвырддæр.

Адæмон фронты регионалон штабы минæвæрттæ фембæлдысты Дзæуджыхъæуы Гугкайы-фырты уынджы 67-æм хæдзары цæрджытимæ. Се хсæн рауад æргом æмæ, рагæй кæмæ бæллыдысты, ахæм ныхас. Бирæ азты дæргъы хæдзарæн разамынддæттæг компани не ххæст кæны йæ хæстæ, – зæгъынц цæрджытæ. Сæйраг лыггæнинаг фарста – хæдзары сæрæй кæй тæдзы, уый.

Ахæм уавæры сты уæллаг уæладзгуыты фатертæ. Зæгъæм, сæ иу фатеры ныр цалдæр азы ничи цæры. Бæстыхайы сæрæй кæй тæдзы, уымæн æвдисæн сты уымæл къултæ. Уаргæ бон та дон бахæццæ вæййы суанг быннаг уæладзгуытæм дæр. Фарæстæм уæладзыджы иуæй-иу цæрджытæ ахæм уавæрæй стыхстысты, æмæ хæдзары сæры иу уаццаг сцалцæг кодтой сæхи хардзæй.

Иннæ цæрджытæн ахæм фадат нæй. Ома сæ бон сæхи фæрæзтæй хæдзары сæр баивынмæ сæ ныфс нæ хæссынц. Адæм куыд зæгъынц, афтæмæй сæ хъаст хæдзæртты управленимæ бахастой, фæлæ сын уым раттынц дзуапп – кæнæ уавæр сраст кæндзыстæм, æмæ ницы бакусынц, кæнæ та зæгъынц – фæрæзтæ нæй.

Подъездты рудзгуытæ саст, къултæ афаз сты. Чи нæ куыста, уыцы лифт сцалцæг кодтой сæхи хцайæ. Техникон лæггæдтæн чи фиды, уыцы адæмæн сæ бон нæу цалцæггæнæн куыстыты хыгъд райсын. Ома, разамынддæттæг компани кæй хъуамæ бакæна, уыцы куыстыты хыгъд. Афтæмæй сæвзæры фарст – цæй тыххæй фидынц хæдзары цæрджытæ?

Ахсджиаг фембæлдмæ хуынд æрцыдысты цæрæнуæтты-коммуналон управлени «Комфорт»-ы минæвæрттæ, фæлæ не рбацыдысты. Уæвгæ та бынæттон цæрджыты æмæ разамынддæттæг компанийы хсæн ахастдзинæдтæ рагæй нæ уайынц. Сæ ныхас кæрæдзиуыл нæ бады. Зæгъæм, бирæ хæттыты адæм куырдтой саст рудзгуытæ аивын подъездты, фæлæ сын-иу уыдон та сæ къултæ сахуырстой.

Адæмон фронты регионалон штабы эксперттæ зæрдæ бавæрдтой, ацы уавæрмæ бæстон цæстдард кæй цæудзæн, уымæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania