филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:08 суббота, 31 января 2026
27 августа 2024, 11:07
Адæмон фронты специалисттæ бабæрæг кодтой, куыстытæ фæстаг къæпхæны цы ахуыргæнæндæтты цæуынц, уыдон

Бирæ рæстæг нал баззад ног ахуыры азы райдианмæ. Республикæйы 26 скъолайы ныртæккæ цæуы бындурон цалцæг. Адæмон фронты специалисттæ бабæрæг кодтой, куыстытæ фæстаг къæпхæны цы ахуыргæнæндæтты цæуынц, уыдон. Уыдысты Дзæуджыхъæуы 47-æм скъолайы, Гастеллойы уынджы скъола-интернаты æмæ Беслæны ног скъолайы. Семæ уыд не сфæлдыстадон къорд дæр. Чехойты Фатимæйæн ныхасы бар.

Дзæуджыхъæуы 47-æм скъолайы ахуыр кæнынц 1300 сывæллоны. Сентябры уыдон бакъахдзæф кæндзысты сыгъдæг, райдзаст кълæстæм. Скъолайы иу хайы кæронмæ фæхæццæ кæнынц бындурон цалцæггæнæн куыстытæ. Сæ цыд сын сбæрæг кодтой Адæмон фронты регионалон хайады специалисттæ.

47-æм скъола арæзт æрцыд 30 азы размæ, уымæ гæсгæ йæ хъуыди бындурон цалцæг скæнын. Электрон тыхдæттæг телтæ, хæтæлтæ, рудзгуытæ, райдиан скъолайы бæстыхайы ирд ахуырст къултæ. Æппæт куыстытæ хъуамæ фæуой 30-æм ноябрьмæ.

Скъола-интернаты ахуыр кæнынц 700 сывæллоны. Се* хсæн ис, йе *нæниздзинæд хъыгдард кæмæн у, ахæм сабитæ. Ныртæккæ куыстытæ ам сты сæ тæккæ тæмæны. Фæуынфæнд сæ кæнынц афæдзы кæронмæ. Ныр кусджытæ ахорынц æмæ æфснайынц.

Скъола-интернаты хæрæндоны æвæрынц ног кафель. Ног спортивон залы фарсмæ скодтой хи *хсæн æмæ дзаумæттæ ивæн бынæттæ. Адæмон фронты специалисттæ разыйæ баззадысты подрядон куыстуаты архайдæй. Сбæрæг кодтой куыстыты хæрзхъæддзинад.

Беслæны ног скъола дæр зынгæ фæаивдæр. Базылдысты йын йæ раззаг къулмæ. Ам къулыл фенæн ис, барад хъахъхъæнæг оргæнты кусджытæй чи фæмард, уыдоны къамтæ. Къæридортæ æмæ кълæстæ сты ног ахуырст. Цалцæггонд æрцыд спортивон зал дæр. Уым ма рауагъдонтæн аттестаттæ дæр радтой. Тагъд скъолайæ дардмæ хъуысдзысты сывæллæтты зæлланг хъæлæстæ.

Беслæны ног скъолайæн саив кодтой йæ алфамблай территори дæр. Подрядон куыстуаты разамонæг йæхæдæг у ацы скъолайы рауагъдон, уымæ гæсгæ зæрдиагæй æххуыс кæны ахуыргæнæндонæн. Скъоламæ бацæуæны сæвæрдтой ног плиткæ. Базылдысты фонтанмæ – дон дзы хъуамæ кæла æдзухдæр. Адæмон фронты эксперттæм ис курдиат, ахуыргæнæндæтты территориты аивгæнæн куыстытæ бахæссын скъолаты бындурон цалцæджы программæмæ.

Æппæт куыстытæ дæр хъуамæ фæуой афæдзы кæронмæ. Хорз уавæртæ аразын сывæллæттæн ахуыр кæнынæн æмæ хъомыл кæнынæн сæ сæйраг хæсыл нымайынц хистæртæ – ахуыргæнджытæ, скъолаты директортæ, подрядон куыстуæтты специалисттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania