филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:16 вторник, 16 декабря 2025
31 мая 2025, 10:19
Адæмон фронты цæгатирыстойнаг хайады минæвæрттæ ныр сæ цæст дарынц кæрытытæм бацæуæнтæм.

Æхсæнадон территоритæй æмæ кæртытæй уæлдай нæ хауынц федералон программæтæм

Адæмон фронты цæгатирыстойнаг хайады минæвæрттæ ныр сæ цæст дарынц кæрытытæм бацæуæнтæм. Æхсæнадон территоритæй æмæ кæртытæй уæлдай нæ хауынц федералон программæтæм. Цæрджытæ бæрнон ведомствæтæм сидтысты ацы фарстайы фæдыл, фæлæ хъæугæ дзуапп нæ райстой. Адæмон фронты эксперттæ рацыдысты рæйды. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Цоколаты Геннадийы уынджы 14-æм хæдзары кæрты иувæрсты цы фæндаг цæуы, уый уавæр тыхсын кæны, куыд цæрджыты, афтæ шофырты дæр. Ауылты адæм цæуынц 22-æм скъолайы æмæ сывæллæтты 75-æм рæвдауæндоны онг. Къæвдаты рæстæг, дзыхъхъытæ куы нæ фæзынынц, уæд машинæтæ фæцæуынц кæрты уылты. Бирæ азты дæргъы цæрджытæ курынц, цæмæй сын сæ фæндаг сцалцæг кæной æмæ æркæсой кæрт саив кæныны фарстамæ. Уавæр нæ ивы.

Цæрджытæ æххуысмæ фæсидтысты адæмон фронты регионалон хайадмæ. Йæ минæвæрттæ æдзух фæаразынц кæртыты территориты мониторинг.  Московскийы уынджы 28-æм хæдзары дæр ахæм уавæр ис – дзыхъхъытæ къæвдадонæй байдзаг вæййынц æмæ тæссаг вæййы фистæгæйцæуджытæн æмæ машинæтæн дæр.

Ахæм фæндаг цæуы Къостайы проспекты 279-æм хæдзары кæртæй сывæллæтты рæвдауæндонмæ. Уæлцъар ныппырх ис, сæрды ам вæййы рыг, зымæджы та дзыхъыхъхъытæ их сæвæрынц.  Фæндаг сцалцæг кæныны курдиæттæ хатдзæгтæ нæ радтой.

Ацы хæдзары сывæллæтты хъазæн фæзы уавæр дæр æмбæлгæ нæу, зæгъынц Адæмон фронты минæвæрттæ.

Гæлиты Клим куыд загъта, афтæмæй кæд хæдзæртты цур территоритæ аив кæнынæн ис программæтæ, уæд кæртытæм бацæуæнтæм фаг æргом здæхт нæй. Зилын та сæм хъæуы.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania