Адæм сын фехъусын кæнынц фарстайаг уаццæгты тыххæй, эксперттæ та сæ бахæссынц «пырх фæндæгты картæмæ»
Адæмон фронты уæнгтæ рæстæгæй-рæстæгмæ скæнынц мониторинг, Дзæуджыхъæуы цæрджыты хъæстытæм гæсгæ. Адæм сын фехъусын кæнынц фарстайаг уаццæгты тыххæй, эксперттæ та сæ бахæссынц «пырх фæндæгты картæмæ». Проектмæ гæсгæ арæзт фæцæуы рейтинг. Ацы хатт Адæмон фронт сбæрæг кодта 4 объекты. Уыдонæй 3 банывыл кодтой. Хъайтмазты Дзерассæйæн ныхасы бар.
Дзæуджыхъæуы Охотничийы фæрсуынджы бирæуæладзыгон хæдзæртты цæрджытæн ам сæ бон ацæуын дæр нæу. Арф дзыхъхъытæ, пырх фæндаг æмæ нæй тротуартæ. Бынæттон цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, 10 азы бæрц ам бындурон цалцæг нæ, фæлæ ма суанг дзыхъхъытæ дæр не *хгæдтой.Азæй-азмæ адæм сæхи хъарутæй базилынц уынгмæ. Кæртыты территоритæ саив кæныныл дзургæ дæр нал кæнынц. Сæ хъастæн дзуапп райстой æрмæст Адæмон фронты эксперттæй. «Пырх фæндæгты» картæйы ацы объект фыццæгты æмрæнхъ ис.
«Пырх фæндæгты» картæ хуымæтæг, фæлæ ахадгæ проект у, зæгъынц адæмон фронты минæвæрттæ. Адæм сæхæдæг снысан кæнынц фарстайаг уаццагтæ, объектты къамтæ бахæссынц. Эксперттæ бынатмæ ацæуынц æмæ кæд фарста лыггонд нæма у, уæд фæсидынц профилон структурæтæм, сæ хыгъды горæты администраци дæр. Иу ахæм курдиат баст уыдзæн, республикæйы ветеринарон лабораторимæ цы фæндаг цæуы, уыимæ.
Сæрмагонд æргом æхсæнадон архайджытæ здахынц, социалон нысаниуæг цы объекттæн ис, уыдоны раз асфальты уавæрмæ. «Пырх фæндæгты» номхыгъды уыд сывæллæтты фыццæггæм поликлиникæмæ бацæуæн. Ныртæккæ йæ сцалцæг кодтой. Дзыхъхъытæ цалцæг кæнын кæд бирæ нæ ахæссы, уæддæр фарста лыг кæны. Базылдысты Гæдиаты Цомахъы æмæ Таутиаты Солæманы уынгтæ кæм баиу вæййынц, уыцы уаццагмæ.
Проект кусы 2017-æм азæй фæстæмæ. Уыцы рæстæгмæ чысыл конд не рцыд. Ныртæккæ «пырх фæндæгты» картæйы республикæйы нысангонд ис 230 уаццаджы бæрц. Æхсæнадон архайджыты куыст ахадгæдæр кæндзæн.




