филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:31 пятница, 17 мая 2024
11 января 2022, 11:16
Адæмон сфæлдыстады хæдзары специалисттæ бацæттæ кодтой ирон традицион уæлæдарæсы коллекци

Йæ алы элемент дæр  у рагфыдлæты культурæ æвдисæг

Рагон æмæ цымыдисаг хуыз алы лыстæг хайы дæр. Адæмон сфæлдыстады хæдзары специалисттæ бацæттæ кодтой ирон традицион уæлæдарæсы коллекци. Йæ алы элемент дæр  у рагфыдлæты культурæ æвдисæг. Сæйраг нысан – нæ хъæздыг истори рæзгæ фæлтæрмæ хæццæ кæнын. Фæлæ уый у, проекты автортæ цы егъау куыст кæнынц, уымæн йæ иу хай. Семæ радон экспедицийы уыд не сфæлдыстадон къорд дæр.

Фæстаг цæттæгæнæн куыст фæскулисæты. Цыбыр æмгъуыдмæ ма хъæуы мадзалы архайджытæн бæлвырд амындтытæ раттын. Дизайнерон уæлæдарæсæй фылдæр æргом здахынц национ æууæлтæм. Джиоты Илонæ у Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты рауагъдон. Дыууæ азы размæ сарæзта коллекци  «Легенды старого города». Йæ бындуры æвæрд ис цыкурайы фæрдыджы таурæгъ.

Нырыккон уæлæдарæсы дефиле се ппæты дæр бафтыдта дисы. Бацæттæ йæм кодтой 4 коллекцийы. Зæгъæн ис, æмæ модæйы бæрæгбон арæзт æрцыд, адæмон сфæлдыстады Хæдзары специалисттæ цы мадзал бацæттæ кодтой, уый æххæст кæнгæйæ. Сæйрагдæр хæс – традицион костюмыл æрныхас кæнын.

Дефилейæ уæлдай ма программæйы уыд семинар. Цогойты Батраз се ппæтæн дæр радзырдта сылгоймаджы æмæ нæлгоймаджы костюмы нысаниуæджы тыххæй. Семинары архайдтой районты минæвæрттæ, стæй ахуыргæнæндæтты специалисттæ. Фæстæдæр та арæзт æрцыдысты Дауыраты Зæлинæйы дæсныйадæвдисæг ахуыртæ.

Адæмон сфæлдыстады республикон Хæдзары специалисттæ стыр куыст кæнынц Цæгат Ирыстоны культурон хæзнатæ бахъахъхъæныны тыххæй. Этнографион экспедицитæ аразгæйæ, сфæлдыстадон кусджытæ бабæрæг кодтой цалдæр хъæуы, уыимæ – дæрддзæф. Ацы хатт та уыдысты Дæргъæвсы. Сæ сæйраг нысан – ацы комы цæрджыты традицитæ, æгъдæуттæ æмæ таурæгътæ ныффыссын.

Рагон царды сусæгдзинæдтæ æмæ традицитæ хистæр фæлтæрæй базонын, æмæ сæ кæстæртæм фæхæццæ кæнын. Кæд æмæ сæ Дæргъæвсы цæрджытæ бирæтæй хуыздæр зонынц, уæддæр.

Экспедицион куыст нырма æрæджы райдыдта. Фæлæ цыбыр æмгъуыдмæ дæр специалисттæн бантыст бабæрæг кæнын Куырттаты ком, Задæлеск, Дзывгъис, Ход, Мызур æмæ Цыкола. Цы æрмæг æрæмбырд кодтой, уый арвитдзысты сæрмагонд банкмæ, æмæ йæ дыууæ æвзагыл ныммыхуыр кæндзысты сæ интернет-сайты. Кæцыдæр хай нысан кæнынц Мæскуымæ арвитын. Уым сæм æркæсдзысты адæмон сфæлдсытады паддзахадон хæдзары.

Ахæм егъау проект царды рауадзын бантыст, ирон адæмы национ-культурон рæзты паддзахадон программæйы архайгæйæ. Цы фæрæзтæ рай        стой, уыдонæй самал кодтой техникон аидео æмæ аудио кусæнгæрзтæ. Нысантæм гæсгæ ма ахæм куыст фæнд кæнынц Хуссар Ирыстоны бакæнын дæр. Иу ныхасæй – сфæлдыстады культурон бынтæ бахъахъхъæнын, цæмæй адæмы истори сæфт ма уа, фæлæ рæстæджы сæрты цæра дарддæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania