Баст у Уæлахизы 80 азы æмæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы азы темæимæ
Адæмон сфæлдыстады республикон хæдзары байгом равдыст «Нæ сæрæй ныллæг кувæм уыцы азтæн». Баст у Уæлахизы 80 азы æмæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы азы темæимæ. Экспозицийы – 100 куысты бæрц. Сæ фылдæр хай бацæттæ кодтой хæдахуыр нывгæнджытæ æмæ æрмдæснытæ. Равдыст бабæрæг кæныны фадат аивадуарзджытæн уыдзæн 2 мæйы дæргъы.
100 куыстæй фылдæр. Нывкæнынад, графикæ, æрмдæсныйад. Аивады алы хуызтæ баиу кодта хæстон тематикæ. Адæмы размæ сæ курдиат рахастой республикæйы аивадон архайджытæ. Сæ фылдæр сты хæдахуыр нывгæнджытæ æмæ æрмдæснытæ.
Остъаты Татьянæ – Адæмон сфæлдыстады республикон хæдзары хайады хицау, аивадиртасæг: РУСС
Къорнаты Владимир дæр у хæдахуыр нывгæнæг. Йе сфæлдыстадон фæндаг райдыдта пенсийы куы рацыд, уæд. 14 азмæ йæ коллекцийы ис 350 куыстæй фылдæр. Сæрмагондæй ацы равдыстмæ бахаста 4 нывы.
Равдыст «Поклонимся Великим тем годам»-æй æрхъуыды кодтой, йæхиуыл нæ ауæрдгæйæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азты Райгуырæн бæстæ чи хъахъхъæдта, æмæ абон сæрмагонд æфсæддон операцийы хæстæ чи æххæст кæны, уыдоны нæмттæ.
Равдысты алы архайæгæн дæр саккаг кодтой диплом. Экспозици бабæрæг кæныны фадат аивадуарзджытæн уыдзæн 2 мæйы дæргъы.




