филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:46 воскресенье, 01 февраля 2026
09 марта 2023, 12:11
Адæмон сфæлдыстады республикон хæдзары та байгом Надежда Геры куыстыты равдыст «Музыка женской души»

Экспозици баст у 8-æм мартъийы бæрæгбонимæ

Адæмон сфæлдыстады республикон хæдзары та байгом Надежда Геры куыстыты равдыст «Музыка женской души». Экспозици баст у 8-æм мартъийы бæрæгбонимæ. Автор æм бахаста 50 куыстæй фылдæр. Сты: портреттæ, натюрморттæ, пейзажтæ. Уæвгæ, равдыст хæссы камерон, лирикон хуыз. Бæлвырддæр та дзы бæрæг дары сылгоймаджы буц удыхъæд. Надежда Гер профессионалон нывгæнæг нæу. Ныв кæнын уарзта йæ сабибонтæй фæстæмæ, фæлæ æнæрлæугæйæ ацы къабазы кусын та райдыдта 10 азы размæ. Мастер æппынæдзух фæархайы адæмон сфæлдыстады горæтаг æмæ республикон равдыстыты. Уымæй дарддæр скъоладзаутæн скæны дæсныйадæвдисæг ахуыртæ. Стæй ма фыссы æмдзæвгæтæ дæр. Цымыдисаг экспозици ахæсдзæн мартъийы кæронмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania