06 августа 2024, 12:09
Адæмты хæлардзинады республикон хæдзары уыд Донецкы адæмон республикæйæ сывæллæттимæ фембæлд
Чысыл уазджытæн бацæттæ кодтой цымыдисаг программæ
«Дзæуджыхъæу-Донецк – Хæлардзинады хидтæ». Адæмты хæлардзинады республикон хæдзары уыд Донецкы адæмон республикæйæ сывæллæттимæ фембæлд. Уыдон сæ фæллад уадзынц лагерь «Урсдон»-ы. Мадзал арæзт уыд Хæлардзинады æппæтадæмон боны кадæн. Сывæллæттæ се нкъарæнтæ загътой, Цæгат Ирыстоны сæ рæстæг куыд æрвитынц, уый фæдыл. Радзырдтой, сæ райгуырæн зæххы царды тыххæй. Чысыл уазджытæн бацæттæ кодтой цымыдисаг программæ. Азæлдысты сабырдзинады æмæ адæмты хæлардзинады тыххæй æмдзæвгæтæ. Сывæллæтты зæрдæтæ ма бахъæлдзæн кодта клоун Афоня.
темæмæ гæсгæ




