филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:57 понедельник, 15 декабря 2025
01 ноября 2025, 11:07
Адæмы æххуысмæ сидынц Бестауты бинонтæ, Линæйæн йæ сабибонтæй йæ зæрдæ у хъыгдард

Скодтой йын операцитæ, фæлæ уæддæр йæ уавæр бонæй-бонмæ кæны фыддæр

Адæмы æххуысмæ сидынц Бестауты бинонтæ. Линæйæн йæ сабибонтæй йæ зæрдæ у хъыгдард. Скодтой йын операцитæ, фæлæ уæддæр йæ уавæр бонæй-бонмæ кæны фыддæр. Баххуыс ын кæндзæн æрмæст гом зæрдæйыл уникалон операци. Цæттæ йæ сты немыцаг кардиохирургтæ скæнын. Фæлæ йæ аргъ у 7 милуан сомы. Уыйбæрц фæрæзтæ бинонтæм нæй. Куыд баххуыс кæнын ис æрыгон Бестауты Линæйæн, уый тыххæй радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Йæ сæйрагдæр бæллицæй Бестауты Линæ хицæн кæны зынаргъ операци. Чызгыл цæуы 25 азы, йæ райгуырдæй фæстæмæ йæ зæрдæ у хъыгдард. Йæ сабибонтæй йæ цард рынчындæттимæ баст у. Уæззау диагнозы миниуджытæ йæм рабæрæг сты, 7 азы йыл куы цыд, уæд. Арæх-иу йæ зæрдæ бахъарм ис, уыдис рыстытæ. Уæд ын скодтой фыццаг уæззау операци мæскуыйаг дохтыртæ.

Уый фæстæ ма ноджыдæр 2 операцийы. Афтæ кастис, цыма ууыл зындзинæдтæ фесты, фæлæ дохтыртæ фæдзæхстой, рæстæгимæ та симптомтæ фæзындзысты. Уæдæй фæстæмæ Линæ тох кæны йæ цардыл. Цæры бæлвырд фæткæвæрдмæ гæсгæ – сахаттæм гæсгæ нуазы бирæ хостæ. Фæлæ та йæ зæрдæйы куыст къуылымпы кæны, бонæй-бонмæ чызг йæхи æвзæрдæр æнкъары.

Радон операци йын балæвар кæндзæн цæрыны гæнæн. Йæ аргъ у 7 милуан сомы. Ахæм фæрæзтæ бинонтæм нæй. Операци скæныныл разы сты немыцаг кардиологон центры дохтыртæ.

7 милуан сомы – ахæм у Бестауты Линæйы цард аирвæзын кæныны аргъ. Ацы хъуыддагмæ йе ххуысы хай бахæссын у алкæйы бон дæр. Уый тыххæй хъæуы цас фæнды фæрæзтæ дæр арвитын фонд «Быть добру»-йы реквизиттæм гæсгæ. Ныртæккæ сæ уынут уæ телевизорты экрантыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania