Фыццаджыдæр фехъусын кæнын хъæуы иумæйаг радхæссæг-диспетчерон службæмæ, телефоны номырæй 112, кæнæ мидхъуыддæгты министрады радхæссæг службæмæ – телефоны номыр 102-мæ
Æдасдзинады Федералон службæйы цæгатирыстойнаг Управлени се ппæты зæрдыл лæууын кæны, æнæпилотæй тæхæг аппарттæ фенгæйæ, куыд архайын хъæуы, уый. Фыццаджыдæр фехъусын кæнын хъæуы иумæйаг радхæссæг-диспетчерон службæмæ, телефоны номырæй 112, кæнæ мидхъуыддæгты министрады радхæссæг службæмæ – телефоны номыр 102-мæ. Уыимæ тæссаг территорийæ хъæуы ацæуын, æмæ йæм æндæр адæмы дæр ма уадзын. Æдасдзинады федералон службæ ма адæмæн æмбарын кæны, фото æмæ видео исын кæй нæй, æнæпилотæй тæхæг аппаратты чи æхсы, уыцы установкæтæ. Уымæн æмæ афтæмæй ныхмæлæууæгæн йæ бон у уæлдæфы ныхмæ уæрæсейаг системæты позицитæ базонын, æмæ аппаратты маршрут аивын, цæмæй фылдæр адæм хъыгдард баййафой, уый тыххæй. Радхæссæг службæты телефонты номыртæ уынут уæ экрантыл.




