филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:58 воскресенье, 01 февраля 2026
14 октября 2019, 17:00
Æфсадмæ сиддонты кадджын уавæры фæндараст кæныны традици сног кодтой Калоты Георгийы номыл Дзæуджыхъæуы бирæвæрсыг техникумы

Сырх Стъалыйы ордены кавалер дæр уыд ацы техникумы рауагъдон. Ахуыргæнæндоны кусы æфсæддон-патриотон клуб, уым лæппуты иттæг хорз цæттæ кæнынц æфсады службæ кæнынмæ.

Æфсадмæ сиддонты кадджын уавæры фæндараст кæныны традици сног кодтой Калоты Георгийы номыл Дзæуджыхъæуы бирæвæрсыг техникумы. Сырх Стъалыйы ордены кавалер дæр уыд ацы техникумы рауагъдон. Ахуыргæнæндоны кусы æфсæддон-патриотон клуб, уым лæппуты иттæг хорз цæттæ кæнынц æфсады службæ кæнынмæ.

Ацы аз фыдыбæстæ хъахъхъæнынмæ араст уыдзæнис аст студенты. Рауагъдонты æфсадмæ фæндагыл фæндараст кæныны традици æрæджы сног кодтой Калоты Георгийы номыл бирæвæрсыг техникумы.

Арфæйы ныхæстæ æмæ зæрдæбын ныстуантæй лæппуты æфсадмæ афæндараст кодтой техникумы ахуыргæнджытæ æмæ уазджытæ.

Сиддонтæн бацæттæ кодтой сæрмагонд концертон программæ. Йæ кæронбæттæн та сын радтой зæрдылдарæн лæвæрттæ. Лæппутæй алчидæр йемæ æфсадмæ, аласдзæнис йæ райгуырæн зæххæй армыдзаг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania