филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:36 суббота, 18 мая 2024
01 августа 2023, 11:53
Æфсæддон – Денджызон флоты бон Дзæуджыхъæуы кадджын уавæры мемориалон фæйнæг байгом кодтой фыццæгæм рангы капитан Гаппуаты  Эльбрусæн

Зæрдылдарæн нысан фæзынд, зындгонд денджызон офицер йæ царды фæстаг азты цы хæдзары цард, уый къулыл

Æфсæддон – Денджызон флоты бон Дзæуджыхъæуы кадджын уавæры мемориалон фæйнæг байгом кодтой фыццæгæм рангы капитан Гаппуаты  Эльбрусæн. Зæрдылдарæн нысан фæзынд, зындгонд денджызон офицер йæ царды фæстаг азты цы хæдзары цард, уый къулыл. Эльбрус 32 азы снывонд кодта Æфсæддон – Денджызон флотæн. Райгуырæн бæстæйы сæраппонд службæ кодта 30 азæй фылдæр æмæ йæ ном цæры абон дæр. 1980-æм азы æрыздæхт Цæгат Ирыстонмæ æмæ 20 азы онг Цæгат Кавказы хæххон – металлургон институты фидæны инженер – амайджыты ахуыр кодта. Уæдæ активонæй архайдта ахуыргæнæндоны æфсæддон – патриотон куысты дæр. Гаппуаты Эльбрусы ном æрхъуыды кæнынмæ æрбацыдысты Уæрæсейы  скъоладзауты змæлды волонтертæ, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæ, хицауады минæвæрттæ æмæ республикæйы ветеранты советы уæнгтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania