19 сентября 2025, 10:36
Æгайты Эльберд проект «Кълæсты фембæлдтыты» фæлгæты аныхас кодта ахуырадон центр «Интеллект»-ы ахуырдзаутимæ
Проект æххæстгонд цæуы «Фыццæгты змæлд»-ы хъæппæрисæй
Театр æмæ кинойы актер Æгайты Эльберд проект «Кълæсты фембæлдтыты» фæлгæты аныхас кодта ахуырадон центр «Интеллект»-ы ахуырдзаутимæ. Проект æххæстгонд цæуы «Фыццæгты змæлд»-ы хъæппæрисæй. Скъоладзаутæ уазæгмæ радтой сæ фæрстытæ: йæ актеры дæсныйад куыд райдыдта, цы ног проекттæ цæттæ кæны? Æгайты Эльберд дзуапп радта рæзгæ фæлтæры фæрстытæн. Се хсæн рауад хъæрмуд ныхас. Загъта сын, аллы адæймаг дæр йæ размæ хъуамæ сæвæра цæвæрдæр нысан æмæ йæм æппынæдзух тырна. Скъоладзаутимæ фембæлдты фæлгæты, фæсивæд базонгæ вæййынц культуæйы æмæ аивады архайджытимæ, ахуыргæндтæ мæ спортсментимæ, Уæрæсейы хъæбатыртимæ, æхсæнадон кусджытимæ, стæй алы къабæзты зындгонд специалисттимæ.




