20 декабря 2024, 10:53
Æхсæнадон æххуысы штабы уыд дæсныйадæвдисæг ахуыр ампутантты командæ «Ирыстон»-ы футболисттæн
Амыдта йæ Китайы иугонд командæйы сæйраг тренер Тайцзицюанæй – Сунь Ву
Æхсæнадон æххуысы штабы уыд дæсныйадæвдисæг ахуыр ампутантты командæ «Ирыстон»-ы футболисттæн. Амыдта йæ Китайы иугонд командæйы сæйраг тренер Тайцзицюанæй – Сунь Ву. Цæгат Ирыстонмæ ссыд делегацийы хыгъды. Тай цзи цюань у рагон хъæбысхæцæн æмæ дзæбæхгæнæн аивады хуыз. Парахат у Китайы æмæ йæ арæх фæхонынц «китайаг гимнастикæ». Сæрмагондæй тай цзийы алыхуызон комплекстæй фæлтæрæнтæй райдайы Китайы цæрджыты алы райсом дæр. Сунь Ву футболисттæн радзырдта, йе спортивон карьерæйы алыхуызон сæстытæ кæй райста æмæ йын Тай цзи цюаны практикæтæ кæй баххуыс кодтой йæхи тагъд сдзæбæх кæнынæн. Футболисттæ уазæгмæ радтой сæ фæрстытæ.
темæмæ гæсгæ