филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:12 воскресенье, 19 мая 2024
26 апреля 2022, 12:11
Æхсæнадон организаци «Старый Моздок» бацархайдта историйы æмæ культурæйы цыртдзæвæнтæ хъахъхъæныны бонимæ баст Æппæтуæрæсеон акцийы

Афтæмæй расидтысты хъæппæрис, зындгонд ирыстойнаг скульптор Дзбойты Михалы архитектурон комплексмæ базилын

Æхсæнадон организаци «Старый Моздок» бацархайдта историйы æмæ культурæйы цыртдзæвæнтæ хъахъхъæныны бонимæ баст Æппæтуæрæсеон акцийы. Афтæмæй расидтысты хъæппæрис, зындгонд ирыстойнаг скульптор Дзбойты Михалы архитектурон комплексмæ базилын. Ацы бынатæй 18-æм æнусы кæрон райдыдта Арвы комы фæндаджы арæзтад. Уæд Мæздæджы арæзт æрцыд Кавказаг фæндаджы фыццаг дилижансы станцæ. Волонтертæн баххуыс кодтой бынæттон разамынды минæвæрттæ стæй интернаты хъомылгæнинæгтæ. Акцийы архайджытæ сахуырстой цыртдзæвæны сæйраг хæйттæ, стæй бацархайдтой, цæмæй йæ фыццаградон хуыз хъахъхъæд æрцæуа, уый тыххæй.  Æхсæнадон организаци «Старый Моздок» дарддæр архайы историйы æмæ культурæйы цыртдзæвæнтæ хъахъхъæныны хъуыддаджы. Ныртæккæйы онг Цæгат Кавказы зæронддæр горæттæй иуы ахæм куыст, зæгъæн ис, æмæ нæ цыди. Уымæ гæсгæ дзы ис бирæ базилинаг объекттæ æмæ бынæттæ, историон цыртдзæвæны статус раттын кæмæн хъæуы, ахæм. Иннæ ахсджиаг хъуыддаг – фехалын сæ ма бауадзын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania