филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:17 суббота, 28 сентября 2024
27 мая 2020, 17:11
Æхсæнадон палатæ мониторинг кæнынц куыстыты хæрзхъæддзинадæн

Уæвгæ, регионалон проект æххæст кæнгæйæ, ацы аз базилдзысты 54 объектмæ

Цæгат Ирыстоны Æхсæнадон палатæйы арæзт æрцыд кусæг къорд. Йæ сæйраг хæс у фæндаггон кусджыты архайдмæ бæстон кæсын. Кусæг къорды уæнгтæ мониторинг кæнынц куыстыты хæрзхъæддзинадæн. Уæвгæ, регионалон проект æххæст кæнгæйæ, ацы аз базилдзысты 54 объектмæ. 7 уынджы цалцæг райдайдзæн июны..

Дзæуджыхъæуы32 уынджы стæй 18 муниципалон фæндаджы. Пандемийæйы уавæртæ нæ хынцгæйæ, республикæйы дарддæр цæуынц фæндæгтæ цалцæггæнæн куыстытæ. Цæгат Ирыстоны Æхсæнадон палатæйы арæзт æрцыд кусæг къорд. Йæ сæйраг хæс у фæндаггон кусджыты архайдмæ цæст дарын. Профилон къамисы уæнгтæ мониторинг кæнынц куыстыты хæрзхъæддзинадæн. Бæстон кæсынц асфальты, пандусты æмæ бордюрты уавæрмæ.

Æдас æмæ хæрзхъæд фæндæгтæ. Регионалон проект «Дорожная сеть» æххæст кæнгæйæ базилдзысты 54 объектмæ. Уый, фаронимæ абаргæйæ, у дыууæ хатты фылдæр. Автомобилон фæндæгты рацарæзт æмæ цалцæгыл архайынц 13 подрядон организацийы.

Инспекцион балцы рæстæг куыд рабæрæг, афтæмæй цалдæр уынджы фæндæгты уæлцъар у хæлд. Уый баст у, дондзæуæн хызтæ дзы цалцæггонд кæй цæуынц, уыимæ. Специалисттæ зæгъынц, арæх сæвзæры ахæм уавæр, æмæ бынæттон цæрджытæ сæхæдæг рахæссынц уынаффæ, фæндаг скъахыны тыххæй.

Уымæй дарддæр ма 7 уынджы цалцæг райдайдзæн июны. Ацы аз ма бæстон базилдзысты æртæ хиды бахизæнмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania