филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:02 суббота, 04 мая 2024
13 июля 2022, 11:57
Æхсæнадон палатæйы æрныхас кодтой экспертон æмæ æхсæнадон цæстдардыл ацы азы æвзæрстыты рæстæг

Фембæлды архайдта хæдбар æхсæнадон цæстдарды Ассоциацийы сæрдар Александр Брод

Æхсæнадон палатæйы æрныхас кодтой экспертон æмæ æхсæнадон цæстдардыл ацы азы æвзæрстыты рæстæг. Хъæлæс кæныны иумæйаг боны æвзардзысты 15 регионы  сæргълæууæджы. 6 субъекты та равзарын хъæудзæн регионалон Парламентмæ депутатты. Цæгат Ирыстоны 29-æм июны арæзт æрцыд æхсæнадон штаб æвзæрстытæм цæст дарыны тыххæй. Уыдзысты 10-æм æмæ 11-æм сентябры. Фембæлды архайдта хæдбар æхсæнадон цæстдарды Ассоциацийы сæрдар, Уæрæсейы Президенты цур граждайнаг æхсæнады рæзты æмæ адæймаджы барты Советы уæнг Александр Брод. Куыд бафиппайдта, афтæмæй ныридæгæн бабæрæг кодта цалдæр партийы офисы. Уымæй дарддæр фæнд кæны территориалон æвзарæн къамистæ æмæ регионы разамынды Центр бабæрæг кæнын. Бæстон цæстдард цæудзæн регистрацийы æмæ агитацийы цыдмæ. Уæлдай æргом Александр Брод аздæхта ног уавæрты æвзарæн системæмæ. Гæнæн ис, æмæ æвзæрстыты бон Ассоциаци Цæгат Ирыстонмæ æрбарвитдзæн йæхи минæвæртты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania