филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:16 суббота, 28 сентября 2024
12 мая 2020, 15:41
Æхсæнадон транспорт æмæ дуканитæм æнæ маскæтæй æмæ æрмкъухтæй нал уадзынц

22-æм маршрутыл бæлцæттæн маскæтæ æмæ æрмкъухтæ мæйы размæ райдыдтой уарын, 10 боны фæстæ æхсæнадон транспорт ногæй куы скуыста, уæд

Коронавирус парахат кæнын ма бауадзыны фæдыл Цæгат Ирыстоны райдыдтой сæрмагонд домæнтæ æххæст кæнын. Абонæй фæстæмæ æхсæнадон транспорт æмæ дуканитæм æнæ маскæтæй æмæ æрмкъухтæй нал уадзынц.

22-æм маршрутыл бæлцæттæн маскæтæ æмæ æрмкъухтæ мæйы размæ райдыдтой уарын, 10 боны фæстæ æхсæнадон транспорт ногæй куы  скуыста, уæд. Уалыты Станислав дзы бон 2 хатты пайда кæны. Цæуы куыстмæ æмæ фæстæмæ.

Абон Станислав нæма балхæдта хи хъахъхъæныны фæрæзтæ, зæгъы хæстæгдæр афтекмæ куыддæр бахæццæ уа, афтæ сæ райсдзæн. Абонæй фæстæмæ республикæйы сæргълæууæджы уынаффæмæ гæсгæ транспорт æмæ дуканиты адæм æнæ маскæтæ æмæ æрмкъуыхтæй хъуамæ ма уой. 

Иуæй-иу бæлцæтты схъиуд ныхасыл шофыртæ сахуыр сты, фæлæ уагæвæрд кæй машинæйы хæлд цæуа, уыдоны хъæудзæн ивар бафидын. Уымæ гæсгæ æнæ маскæтæ æмæ æрмкъухтæй маршрутон такситæм абонæй фæстæмæ нæ уадздзысты.  Уый шофырты дæр тыхсын кæны, фæлæ апрелы райдианæй æххæст кæнынц  фæлхасадмæ цæстдарды домæнтæ.

Кæройнаг æрлæууæны æнæмæнгæй машинæйы дуæрттæ, хæцæнтæ æмæ бадæнтæ бапырх кæнынц сæрмагонд фæрæзæй. Джиголаты Хъазыбег маршрутыл кусы 16 азы æмæ нæ хъуыды кæны, цæмæй ахæм куыст искуы кодтаид. Уыимæ бирæ бæлцæтты зæрдæмæ нæ цæуы кæй сæ домынц сæрмагонд уагæвæрды домæнтæ æххæст кæнын æмæ хъæр ныхас дæр скæнынц.

Шофырты æрвылбон бирæ адæмимæ кæй хъæуы кусын, уымæ гæсгæ тæссаг у се `нениздзинадæн. Æмæ æнæ маскæтæ æмæ æрмкъухтæй раззаг бадæнтæм раздæр дæр нæ уагътой, уыимæ хъуамæ иу хæдтулгæйы 8 адæймагæй фылдæр ма уа. Бæрæггæнæнтæ куыд амонынц, афтæмæй рынчынты нымæц нæ республикæйы рæзы, уымæ гæсгæ хи хъахъхъæныны фæрæзтæ дарын, амындзинад нал у, фæлæ æнæмæнг домæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania