филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:40 воскресенье, 01 февраля 2026
28 июня 2022, 12:07
Æнæ рудзгуытæй, дуæрттæй æмæ хъарм донæй

Ахæм уавæрты сæ бонтæ рвитынц Дзæуджыхъæуы иуæй-иу цæрджытæ

Æнæ рудзгуытæй, дуæрттæй æмæ хъарм донæй. Ахæм уавæрты сæ бонтæ рвитынц Дзæуджыхъæуы иуæй-иу цæрджытæ. Уыимæ профилон ведомствотæм фыссынц курдиæттæ, цæмæй сын æндæр цæрæнуæттæ радтой, уый тыххæй. Фæлæ сæ бон бæлвырд дзуапп райсын нæу. Хъуыддаг къуылымпы кæны бæстыхæйтты статус. Сæ бон бахауын нæу, кæлæддзаг хæдзæрттæй ногтæм раивыны программæмæ. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Тъехты Элинæ.

Тæссаг хæдзæртты – тæссаг цард. Пенсиисæг Мæхъиты Ханифæ йæ цæлгæнæнмæ рацæуы тæрсгæ-ризгæйæ. Тæрсы, цар куы ркæла, уымæй. Куыд зæгъы, афтæмæй ахæм цаутæ уыди. Хæдзары найæн уат нæй. Цæрджытæ хъаст кæнынц æппынæдзух уымæл къултыл дæр.

Дыууæ уæладзыгон бæстыхайыл цæуы 2 æнусæй фылдæр. Раздæр уыд æмдзæрæн. Ис дзы æрмæстдæр 5 фатеры. Хæдзар тæссаг кæй у, уый снысан кодтой 2018 азы. Ныртæккæ нымад у, дарддæр кусæн кæуыл нæй, ахæм арæзтадыл.

Пенсиисæг æххуысагур цыд æппæт профилон ведомствæтæм. Фæлæ алы ран дæр иста иу дзуапп – дарддæр кусæн кæуыл нæй, ахæм хæдзæртты цæрæг адæмы æдас ранмæ цы программæтæм гæсгæ кæныц, уыдонæй иумæ дæр нæ хауы. Фæлæ Дзæуджыхъæуы администрацийы куыд зæгъынц, афтæмæй ацы дыууæуæладзыгон бæстыхай, ахæм статусмæ нæ хауы. Хæдзар райхалæн ис. Адæмæн сæ бон зæрдæ дарын у ног цæрæнуæттыл, фæлæ кæдмæ, уый бæрæг нæу.

Валентинæ Масленковæйыл цæуы 80 азы. Цæры зæронд хæдзары Осипенкойы уынджы. Æвзæр у, Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты сывæллæттæ ахæм уавæрты кæй цæрынц, уый – зæгъы сылгоймаг. Нæй дзы нæ рудзгуытæ, нæ дуæрттæ. Тыхджын уарынты рæстæг æххуысгæнæг кусæнгæрзтæ вæййынц ведратæ. Фæлæ сылгоймаг æнкъард нæ кæны. Куыд зæгъы, афтæмæй бирæ азты фæстæ дæр ныййарджыты хæдзары къултæ хъарм кæнынц зæрдæ.

Зæронд хæдзæртты цæрджыты цæмæй ног ран æрцæрын кæной, уый тыххæй федералон бюджетæй фæрæзтæ нæ хай кæнынц. Фæлæ адæмы ног хæдзæрттæй сифтонг кæнынæн, закъонмæ гæсгæ йæ бон у бынæттон хиуынаффæйады администрацийæн. Аварион хæдзæртты цæрджытæн сæ бон рæстæгмæ у сæ зæрдæ æмдзæрæныл дарын. Ацы фарста алыг кæнын хауы муниципалон оргæнтæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, фæрæзтæ куы уой, уæд. Æдæппæтæй Дзæуджыхъæуы нымадæй ис 6 ахæм хæдзары, æмæ иууылдæр сты халинаг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania