13 июля 2022, 11:58
Æнæхъом сывæллæтты куыстыл æфтауыны нысанимæ йæ куыст райдыдта ног проект «Фæлтæрты диалог»
Расидтысты йæ Цæгат Ирыстоны куыст дæттыны Комитет стæй ахуырады æмæ наукæйы Министрад
Æнæхъом сывæллæтты куыстыл æфтауыны нысанимæ йæ куыст райдыдта ног проект «Фæлтæрты диалог». Расидтысты йæ Цæгат Ирыстоны куыст дæттыны Комитет стæй ахуырады æмæ наукæйы Министрад. 15 боны дæргъы Дзæуджыхъæуы 33-æм скъолайы сæрдыгон фæллойадон лагеры архайджытæ æнгом æмгуыстад кæндзысты ацæргæ адæмимæ. Ныртæккæ уыдон вæййынц Дзæуджыхъæуы боныгон центры. Проект æххæст кæнгæйæ, бакуыстой мадзæлтты сæрмагонд пъланыл. Уымæ хауынц брейн-рингтæ, квесттæ, стъолыл хъæзтытæ стæй онлайн экскурситæ алы музейтæм. Æппæт ацы мадзæлттæ хорзырдæм фæахадгæ уыдзысты æрыгон æмæ ацæргæ фæлтæрты хсæн бастдзинадыл.
темæмæ гæсгæ




