филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:14 суббота, 18 мая 2024
18 апреля 2024, 12:25
Æнæнхъæлæджы цауты министрады агурæн-ирвæзынгæнæн хайады ацыдис пресс-тур

Журналисттæн радзырдтой туристон маршрутты æмæ хæхты хи дарыны фæтк

Туризм хъуамæ уа æдас. Æнæнхъæлæджы цауты министрады агурæн-ирвæзынгæнæн хайады ацыдис пресс-тур. Журналисттæн радзырдтой туристон маршрутты æмæ хæхты хи дарыны фæтк. Ацы темæ хуымæтæджы нæ равзæрстой. Разæй сты майы бæрæгбæттæ, куыд зонæм, афтæмæй уыцы бонты Цæгат Кавказмæ туристтæ цæуын райдайынц бирæ фылдæр. Æрхъуыдыгонд цаумæ гæсгæ, студентты къорд ацыди хохмæ. Уым дыууæйæ райстой цæфтæ, уымæ гæсгæ дарддæр цæуын сæ бон нал баци. Æххуыс бацагуырдтой ирвæзынгæнæн службæйæ. Хъыгдардбаййафджытæн бакодтой фыццаг æххуыс, доны иннæ фарсмæ сæ ахастой сæрмагонд кусæнгæрзтæй пайдагæнгæйæ. Уый фæстæ та сæ радтой медицинон кусджыты бæрны.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania