филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:44 воскресенье, 01 февраля 2026
31 октября 2019, 13:43
Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады ирвæзынгæнджытæ архайдтой сæрмагонд ахуырты

Ирвæзынгæнæн-агурæн къорды уыдис 100 адæймаджы онг

Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады ирвæзынгæнджытæ архайдтой сæрмагонд ахуырты. Ирвæзынгæнæн-агурæн къорды уыдис 100 адæймаджы онг. Се хсæн æппæтадæмон æмвæзаджы профессионалтæ. Ацы лæппутæ зонынц, адæймаджы цардæн цы аргъ ис, уый. Уымæ гæсгæ кодтой алцыдæр, цæмæй хъыгдардбаййафæджы аирвæзын кæной къæдзæхы фахсæй, стæй æндæр тæссаг рæттæй. Куыд рауадысты ахуыртæ, уый тыххæй радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Авиаци æдых кæм разынд, уыцы ран адæймаджы аирвæзын кæнын. Æрхъуыдыгонд таурæгъмæ гæсгæ, къæдзæхы фахсы хъыгдардбаййафæджы хъæуы раласын æмæ йæ æдасæй бынмæ æруадзын. Нымад минуттæм ирвæзынгæнджытæ сарæзтой уæлдæфон рацæуæн . Кусынц бæлвырд, æнæ уæлдай æнкъарæнтæй. Уымæн æмæ хæхтæ рæдыдтытæ нæ барынц.

Æдас рацæуæн скæнын – уый у ирвæзынгæнæн операцийы æппæтй ахсджиагдæр элемент. Фæдзæхстады æппæт мадзæлттæ, фидар бæндæнтæ æмæ æндæр фæрæзтæ. Ам хъæуы фидар удыхъæд æмæ ныфсхаст уæвын.

Ацы хæслæвæрдты Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджыты хъуыди хъыгдардбаййафæджы ссарын. Ирвæзынгæнæн операцийы архайдтой ахуыргонд куыйтæ дæр. Сценаримæ гæсгæ адæймаджы цæугæдоны иу фарсæй хъæуы иннæ фарсмæ ракæнын. Аттестаци ацæуыны тыххæй хъуыди цæугæдон басæттын. Ацы хатт ленкгæнæн фæрæзы фæрцы адæймаджы хъæуы сакъадахæй доны былгæронмæ рахæссын.

Ирвæзынгæнæн-агурæн къорды ис 100 адæймаджы онг. Се хсæн æппæтадæмон æмвæзаджы профессионалтæ. Ацы лæппутæ зонынц адæймаджы цардæн цы аргъ ис, уый. Ахæм аттестаци ацæуынц 3 азы иу хатт.

Практикон ахуыртæй дарддæр ма ирвæзынгæнджытæ лæвæрдтой фысгæ фæлварæнтæ дæр. Цæгатирыстойнаг ирвæзынгæнджыты куыстæн аргъ кодтой Уæрæсейы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады центрон аппараты минæвæрттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania