филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:51 воскресенье, 01 февраля 2026
08 декабря 2022, 11:56
Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кад кодтой, фыдбылызы цауты рæстæг æмæ сæ фæстиуджытæ иуварс кæныны чи архайдта, уыцы бархионтæн

Уæрæсейы Федерацийы æнæнхъæлæджы уавæрты министрады майдан та лæвæрд æрцыд Хуырымты Георгийæн

Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады цæгатирыстойнаг управленийы кад кодтой, фыдбылызы цауты рæстæг æмæ сæ фæстиуджытæ иуварс кæныны чи архайдта, уыцы бархионтæн. Се хсæн уыд Хъесаты Руслан. Уый судзгæ машинæйæ раласта хъыгдардбаййафæг адæймаджы. Лæгдзинад кæй равдыста, уый тыххæй йæ схорзæхджын кодтой Сæйраг Управленийы хицауы арфæйы фыстæгæй. Уæрæсейы Федерацийы æнæнхъæлæджы уавæрты министрады майдан та лæвæрд æрцыд Хуырымты Георгийæн. Уымæй дарддæр, ирвæзынгæнæн хъуыддаг кæй парахат кæны, уый тыххæй майдан радтой Хетæгкаты Тамарæйæн. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы номæй та арфæйы фыстæджытæ райстой  Гетойты Арсен æмæ Леонид Бочаров. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады республикон управленийы арфæйы фыстæджыты аккаг систы Хуыбаты Арсен, Сланты Хъазыбег, Торчынты Виктория æмæ Бигъанаты Дмитрий.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania