09 ноября 2022, 11:23
Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ ирвæзынгæнджыты студентон корпусимæ сарæзтой тренировкæ
Ацы хатт зынгхуыссынгæнджытæ æмæ ирвæзынгæнджытæ-бархионтæ сæрмагонд манекеныл сарæзтой рæуджыты æмæ зæрдæйы реанимацийы фæлварæнтæ
Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ ирвæзынгæнджыты æппæтуæрæсеон студентон корпусимæ сарæзтой тренировкæ фыццаг æххуыс кæныны фæдыл. Ацы хатт зынгхуыссынгæнджытæ æмæ ирвæзынгæнджытæ-бархионтæ сæрмагонд манекеныл сарæзтой рæуджыты æмæ зæрдæйы реанимацийы фæлварæнтæ. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ равдыстой, зæрдæйы массаж æмæ рæуджытæ скусын кæнын куыд хъæуы, уый. Ведомствæйы республикон сæйраг управленийы хицауы хæдивæг Владимир Бутэнкойы ныхæстæм гæсгæ, ахæм иумæйаг мадзæлттæ ирвæзынгæнджытæн дæттынц стыр фæлтæрддзинад.




