филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:38 воскресенье, 01 февраля 2026
15 августа 2024, 11:10
Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ, сæрдыгон лагерты сæ фæллад цы сывæллæттæ уадзынц, уыдонæн кæнынц дæсныйадæвдисæг ахуыртæ

Доны объектты æдасдзинады хайады специалисттæ сывæллæттæн радзырдтой, доны хи куыд дарын хъæуы, уый тыххæй. Равдыстой сын ирвæзынгæнæн фæрæзтæ. Бамбарын сын кодтой, куыд сæ пайда кæнын хъæуы, уый. Уымæй уæлдай ма инспектортæ сабитимæ аныхас кодтой зынгсирвæзтыты æдасдзинадыл. Бацамыдтой сын службæйы телефоны номыр.

Фенын сын кодтой Алагиры ирвæзынгæнæн хайы техникæ. Кæй фæндыд, уыдонæн фадат уыд зынгсирвæзтытæй хъахъхъæнæджы дарæс йæхиуыл абарын, донпырхгæнæнтимæ ацархайын, куыстуаты машинæйы хуылфы абадын. Сывæллæттæ ахуыссын кодтой, инспектортæ сын цæстуынгæйæ, сахуыр кæныны тыххæй цы арт сарæзтой, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania